Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 7:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уымӕн ӕмӕ, Мелхиседек Авраамы размӕ куы рацыд, уӕд Левий кӕд гуырд нӕма уыд, уӕддӕр ныридӕгӕн йӕ фыдӕлы туджы уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 7:10
7 Iomraidhean Croise  

Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн.


Йаковимӕ Мысырмӕ чи ӕрцыди, йӕ уыцы байзӕддӕгтӕ, йӕ фыртты устыты нӕ нымайгӕйӕ, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдзы.


фӕлӕ ды нӕ уыдзынӕ йӕ аразӕг. Мӕ номыл Мын Кувӕндон сараздзӕни дӕ фырт, дӕ туг ӕмӕ де стӕг».


Ӕндӕр ран дӕр ма куыд загъд у, афтӕ: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».


Сауджынты — Левийы байзӕддӕгты — лӕггад адӕмӕн лӕвӕрд уыдис Ӕгъдауы бындурыл. Ӕмӕ алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма ӕндӕр сауджын цӕмӕн хъуыд, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн Алчер у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм?


Сауджынтӕ чи свӕййы, Левийы уыцы байзӕддагӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ис адӕмӕй, ома се ’фсымӕртӕй, дӕсӕймаг хай ӕмбырд кӕныны бар, кӕд се ’фсымӕртӕ дӕр Авраамы байзӕддаг сты, уӕддӕр.


Ис афтӕ зӕгъӕн дӕр: Авраам дӕсӕймаг хай Мелхиседекӕн куы радта, уӕд ма йын ӕй уыимӕ радта, дӕсӕймаг хай Израилы кӕй байзӕддӕгтӕ исынц, уыцы Левий дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan