Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 «Мелхиседек уыди Салимы паддзах, Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын. Паддзӕхты ныддӕрӕн кӕныны фӕстӕ Авраам куы ӕрбацӕйздӕхт, уӕд Мелхиседек йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын арфӕ ракодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 7:1
17 Iomraidhean Croise  

Уӕ уынаффӕтӕ уӕм раст кӕсынц, тӕрхонгӕнджытӕ? Раст тӕрхон хӕссут адӕмӕн?


Хуыцаумӕ сидын, Хуыцаумӕ дзыназын, ӕмӕ мӕ фехъусдзӕни Уый.


Иу хатт фын федтон ӕмӕ фӕтарстӕн. Мӕ хуыссӕнуаты цы цӕстылуайӕнтӕ федтон, уыдон мыл стыр тас бафтыдтой.


Паддзах! Дӕ фыд Навуходоносорӕн Иууылбӕрзонд Хуыцау радта паддзахдзинад, кад ӕмӕ цыт.


Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ хъӕддаг хӕрджытимӕ царди. Галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕ дойны саста, цалынмӕ бамбӕрста: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд Хуыцау ӕмӕ паддзахы бынат ратты, Йӕхи кӕмӕн бафӕнды, уыдонӕн.


Цӕимӕ ӕрлӕууон Дунедарӕджы раз, уӕларвы Хуыцаумӕ цӕимӕ бакувон? Йӕ цурмӕ иууылсудзинаг нывӕндтимӕ кӕнӕ афӕдздзыд родтимӕ бацӕуон?


ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатырӕй, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!»


Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Иууылбӕрзонд Хуыцауы цагъартӕ сты; уыдон уын фервӕзыны фӕндаг амонынц».


Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм.


Цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уымӕй йын Авраам дӕсӕймаг хай рахицӕн кодта». Йӕ ном «Мелхиседек» амоны «Рӕстады паддзах»; уый у Салимы паддзах, ома «Фарны паддзах».


Мелхиседекӕн нӕй фыд, мад, фыдӕлтӕ, йӕ цардӕн нӕй райдайӕн ӕмӕ кӕрон. Хуыцауы Фырты хуызӕн уӕвгӕйӕ, уый у алчер мыггагмӕ.


Мелхиседек та Левийы хӕдзарвӕндагӕй нӕ уыди, фӕлӕ райста дӕсӕймаг хай Авраамӕй — Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕй — ӕмӕ йыл арфӕ бафтыдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan