Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 6:6
17 Iomraidhean Croise  

Ӕз та — Хуыцауы хӕдзары цъӕх чи дары, уыцы оливӕ бӕласау, Хуыцауы хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн мыггагмӕ.


Фыдгӕнджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ саст ӕрцӕудзысты, Дунедарӕджы чи ныууагъта, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты.


Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр у Йӕ бон».


ӕмӕ уымӕй ӕвдисут, уӕ фыдӕлты митӕ растыл кӕй нымайут, уый: уыдон сӕ маргӕ акодтой, сымах та сын зӕппӕдзтӕ аразут.


ныхмӕлӕуджыты ахуыр кӕна ӕвӕлмасӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кӕна, фӕсмон сӕм ӕрцӕуа ӕмӕ, ӕцӕгад цы у, уый базоной,


Кӕд ӕмӕ, ӕцӕгад базонгӕйӕ, уӕддӕр тӕригъӕды цӕуӕм, уӕд уыцы тӕригъӕдтӕн ныр ницавӕр нывондӕй уыдзӕн ссыгъдӕг кӕнӕн,


уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?


уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс».


Махӕн ис, уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр Чи ссыди, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ мах хъуамӕ фидар хӕцӕм, ӕргомӕй кӕуыл ӕууӕндӕм, уыцы ӕцӕгдзинадыл.


Уымӕн ӕмӕ, иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын,


Уыдон базыдтой раст фӕндаг, фӕлӕ ныууагътой, цы сыгъдӕг фӕдзӕхст сын лӕвӕрд ӕрцыд, уый. Уыцы раст фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой, уӕд сын хуыздӕр уыдаид.


Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan