Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 6:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Адӕм сомы кӕнынц сӕхицӕй уӕлдӕрӕй, ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн вӕййы сӕ уыцы сомы, ӕмӕ уӕд алы быцӕуӕн дӕр ӕрцӕуы кӕрон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 6:16
12 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Дунедарӕджы, Иууылбӕрзонд Хуыцауы, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз:


Гъемӕ мын ацы ран Хуыцауӕй ард бахӕр, хинӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр ме ’ппӕт байзӕддагыл. Ӕз дӕуӕн хӕрзты куыд бацыдтӕн, афтӕ-иу ды дӕр хӕрзты бацу мӕнӕн ӕмӕ, ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйӕн».


Авраам ард бахордта,


Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Йаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй.


Паддзах фӕдзырдта гивонӕгтӕм. Гивонӕгтӕ израилӕгтӕй нӕ, фӕлӕ, аморӕгтӕй ма чи аирвӕзти, уыдонӕй уыдысты. Израилӕгтӕ сын кӕддӕр ард бахордтой, удӕгасӕй сӕ кӕй ныууадздзысты, уый тыххӕй, фӕлӕ Саул, израилӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтыл тыхсгӕйӕ, сӕ цӕгъдыныл нӕ ауӕрста.


уӕд, фосмӕ йӕ цӕст чи дардта, уый Дунедарӕджы раз ард бахӕрӕд, цӕмӕй сбӕлвырд уа, кӕйдӕр фосмӕ кӕй нӕ фӕныхылдта, уый. Фосы хицау ын йӕ ардбахӕрд сфидар кӕнӕд, ӕмӕ йӕ уӕд фидын ницы хъӕудзӕн.


Ӕфсымӕртӕ, цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн адӕймаджы цардӕй: адӕймаджы ныстуан фидаргонд куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи бафтауы.


Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд ын, Йӕхицӕй сомы ракодта, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй уӕлдӕр кӕмӕй расомы кодтаид, ахӕм нӕ уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan