Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 6:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд ын, Йӕхицӕй сомы ракодта, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй уӕлдӕр кӕмӕй расомы кодтаид, ахӕм нӕ уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 6:13
15 Iomraidhean Croise  

Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта, Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.


Ӕрхъуыды кӕн, дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилӕн куыд расомы кодтай, уый, — Ды расомы кодтай Дӕхицӕй, сӕ байзӕддаг сын арвы стъалытау кӕй сбирӕ кӕндзынӕ, зӕрдӕ сын цы зӕххӕй бавӕрдтай, уый дӕр сын сӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ кӕй ратдзынӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн».


Мӕхицӕй сомы кӕнын, Мӕ дзыхӕй рӕстдзинад кӕй цӕуы ӕмӕ Мӕ дзырдӕн аивӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй: Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн алы адӕймаг, алы ӕвзаг сомы кӕндзӕни Мӕнӕй.


Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусой, уӕд та, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы галуан хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн!»


Фӕлӕ байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, Мысыры цӕрӕг иудейӕгтӕ! Ард хӕрын Мӕ хъомысджын номӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мысыры зӕххыл чи цӕры, уыцы иудейӕгтӕй Мӕ ном никуыуал ничи сдзурдзӕн ӕмӕ уыдонӕй афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг Хуыцау!»


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Боцрайы сахар алкӕй йӕ уындӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕлгъитдзысты йӕ, мыггагмӕ йӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты».


Ӕз ын йӕ бирӕ фос ныццӕгъддзынӕн Нилы былгӕрӕтты, ӕмӕ йын йӕ дӕттӕ налдӕр лӕджы къах змӕнтдзӕн, налдӕр фосы сӕфтӕг.


Ды иузӕрдион уыдзынӕ Йаковыл, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ Авраамӕн, райдианы нӕ фыдӕлтӕн сомы куыд ракодтай, афтӕ.


Расомы кодта нӕ фыдӕл Авраамӕн,


Ӕфсымӕртӕ, цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн адӕймаджы цардӕй: адӕймаджы ныстуан фидаргонд куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи бафтауы.


Уымӕн ӕмӕ кӕд бынтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕвӕрд цӕуынц, уӕд уый зӕрдӕвӕрды бындурыл нал у. Фӕлӕ сӕ Авраамӕн та Хуыцау радта Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.


Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan