Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 5:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Цас рӕстӕг рацыди, уымӕ гӕсгӕ ныр уӕхицӕн ӕмбӕлы ахуыргӕнджытӕ уӕвын, сымах та нырма ахуыргӕнджыты сӕр хъӕуы, цӕмӕй уын амоной Хуыцауы дзырды абетӕ. Хъӕбӕр хойраг нӕ, фӕлӕ та ӕхсыр хъуамӕ суа ногӕй уӕ хӕринаг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 5:12
23 Iomraidhean Croise  

Ахитофелы уынаффӕтӕ уыцы заман нымад уыдысты, цыма исчи зондамынд Хуыцауӕй куырдта, уыйау. Ахӕм кад ын кодтой йӕ алы уынаффӕйӕн Давид дӕр ӕмӕ Авессалом дӕр.


Уымӕн ӕмӕ Езра йӕхи снывонд кодта Дунедарӕджы Ӕгъдау базонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнынӕн, Израилы дӕр уыцы Ӕгъдау фидар кӕнын ӕмӕ рӕстдзинад амонынӕн.


Тӕрхоны раз мӕ ныхмӕ ралӕууыдысты ӕгъатыр мӕнгӕвдисӕнтӕ, цы нӕ зонын, уыдӕттӕй мӕ фӕрсынц.


Дунедарӕджы ныхас сын сси дзӕгъӕл дзӕнгӕда, иугӕндзон дыгъал-дыгъул, ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндагыл цӕудзысты ӕмӕ уӕлгоммӕ ахаудзысты; уӕнгсаст фӕуыдзысты ӕмӕ къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты.


«Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.


Уӕд Йесо загъта: «О ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Цас ма уын быхсдзынӕн? Ардӕм Мӕм ӕй ӕрбакӕнут».


Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ ма уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй».


Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг быдыры, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уый уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ, стӕй нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста царддӕттӕг ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ махмӕ фӕхӕццӕ кӕна.


Бӕгуыдӕр. Стыр пайда у алцыппӕтӕй дӕр. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхӕстӕ уыдоны ӕвджид бакодта.


Фӕлӕ мӕ аргъуаны фӕнды ӕндӕр ӕвзагыл мингай дзырдтӕ зӕгъыны бӕсты фондз ныхасы мӕ зондӕй зӕгъын, цӕмӕй сахуыр кӕнон иннӕты дӕр.


Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.


Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм.


Уӕдӕмӕ, ме ’фсымӕртӕ, цин кӕнут, Бардарӕгимӕ кӕй стут, ууыл. Раздӕр уын цы дзырдтон, уый уӕм ногӕй ныффыссон, уый мӕнӕн зын нӕу, сымах та фыдбылызӕй бахиздзӕн.


Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.


Ӕрымысут, Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕм рухс куы бауагъта ӕмӕ уый фӕстӕ тохы бирӕ зынтӕн куы бафӕрӕзтат, уӕ раздӕры уыцы бонтӕ.


Уый тыххӕй ма ноджы фылдӕр радзуриккам, фӕлӕ йӕ сымахӕн бамбарын кӕнын зын у, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут.


Ӕхсырӕй чи цӕры, уый растӕн ницы ӕмбары, уымӕн ӕмӕ нырма дзидзидай у.


Уӕдӕ ныууадзӕм Чырыстийы ахуырады абетӕ ӕмӕ не ’ргом аздахӕм, хъомыл адӕймагӕн цы ӕмбӕлы, уымӕ. Ма бавналӕм ногӕй бындур ӕвӕрынмӕ — мауал ахуыр кӕнӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕныныл ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыныл,


Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг монон сыгъдӕг ӕхсыр — рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ.


Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan