Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 4:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Нуны фырт Йешуа сын ӕнцой куы радтаид, уӕд уый фӕстӕ ӕндӕр боны тыххӕй дзырд нал цыдаид.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 4:8
13 Iomraidhean Croise  

уый фырт Нун, уый фырт Йешуа.


Фӕлӕ та-иу сын сӕ хъизӕмармӕ куы ’ркасти, се ’рдиаг-иу Йӕ хъустыл куы ауад,


Нӕ фыдӕлтӕ йӕ райстой ӕмӕ йӕ Нуны фырт Йешуаимӕ бахастой, нӕ фыдӕлты цурӕй Хуыцау кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмы бӕстӕм. Ӕмӕ уым фӕци Давиды заманы онг.


Нырма нӕ бацыдыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы ӕнцойады бынатмӕ, уӕ зӕххы хаймӕ.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах куы фервӕзын кӕна уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ уын исбонӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл уӕ куы ’рбынӕттон кӕна, уӕд-иу уӕ ма ферох уӕнт амалекӕгтӕ — сӕ кой дӕр-иу сын фесафут зӕххыл.


Хуыцау рагзамантӕй фӕстӕмӕ пехуымпарты уылты бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты дзырдта нӕ фыдӕлтимӕ.


Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ фӕлладуадзӕн сабат нырма ӕрцӕуинаг у.


Дунедарӕг сымах хуызӕн уыдонӕн дӕр цалынмӕ ӕнцой ӕрхӕсса, уӕдмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдонӕн цы зӕхх дӕтты, уый куы райсой уе ’фсымӕртӕ дӕр, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхут ӕмӕ уӕ исбон уыдзӕни, Дунедарӕджы цагъар Моисей уын Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм цы зӕхх радта, уый».


Дунедарӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йешуа уыцы бӕстӕ бацахста ӕгасӕй дӕр ӕмӕ йӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста. Ӕмӕ уӕд бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.


Ныр Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе ’фсымӕртӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сын ӕнцой цард ралӕвар кодта. Гъемӕ уын Дунедарӕджы минӕвар Моисей Иорданы фале исбонӕн цы зӕххытӕ радта, уыдонмӕ аздӕхут.


Дунедарӕг Израилы йӕ алыварс знӕгтӕй куы сӕдас кодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд. Йешуа хӕрз зӕронд бацис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan