Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уымӕ гӕсгӕ та Хуыцау снысан кодта ног афон — «абон». Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ загъта Давиды уылты, уӕлдӕр кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы ныхӕстӕ: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 4:7
12 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕн Мысыры цагъарадӕй се ссӕрибарыл цыппарсӕдӕ ӕстай азы куы рацыд, уӕд Соломон йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм азы дыккаг мӕйы, зивы мӕйы, Дунедарӕгӕн Кувӕндон аразын райдыдта.


Адӕмтӕ, сыстаут Дунедарӕджы, стаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс!


Йесо сын загъта: «Уӕдӕ Йӕ Давид, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, йӕхӕдӕг Бардарӕг цӕмӕн хоны? Афтӕ куы дзуры:


Давид йӕхӕдӕг афтӕ куы дзырдта, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“.


Давид йӕхӕдӕг Псаломты чиныджы афтӕ куы дзуры: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс,


Ме ’фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр бӕлвырд у.


Давид уыдта фидӕн, ӕмӕ йӕ ацы ныхӕстӕ Чырыстийы райгасы тыххӕй сты: „Хуыцау Ӕй нӕ ныууадздзӕн мӕрдтыбӕсты, Йӕ буар нӕ бамбийдзӕн“.


Иу хъуыды сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕлиу кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уӕд Павел сдзырдта: «Сыгъдӕг Уд хорз загъта нӕ фыдӕлтӕн пехуымпар Исайайы дзыхӕй:


Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон, Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд, Йӕ ныхмӕ цы заман сыстадыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan