6 Чидӕртӕ та йӕм нырма бацӕуинаг сты. Фарны Уац раздӕр чи фехъуыста, уыдон ӕм сӕ хивӕнды аххосӕй нӕ бацыдысты.
Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.
Ӕз сыл рын сыстын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн. Дӕ мыггагӕй та ног адӕм рауадздзынӕн, адонӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр».
Уӕ сабиты та, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, уацары хай фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уыдоны та бакӕндзынӕн Ӕз уырдӕм, ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, сымах былысчъилтӕ кӕуыл кодтат, уыцы бӕстӕ цыхуызӕн у, уый.
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахад сымахӕй ист ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн ӕй рардӕуыдзӕн.
Уӕдӕ йӕ зонут: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕгтӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты».
Ӕз уын зӕгъын, ӕфсымӕртӕ: рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ усджынтӕ нырӕй фӕстӕмӕ сӕхи дарой, цыма сын устытӕ нӕй, афтӕ.
Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртаттӕгты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта Фарны Уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».
Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ уыдоны хъысмӕт ма баййафа.
Уымӕн ӕмӕ, Фарны Уац уыдон куыд фехъуыстой, мах дӕр ӕй афтӕ фехъуыстам. Фӕлӕ сын, цы ныхас фехъуыстой, уый пайда не ’рхаста, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты.
Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ фӕлладуадзӕн сабат нырма ӕрцӕуинаг у.