Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 4:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ уымӕн цӕуӕм уыцы ӕнцойадмӕ, Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта: «Ӕз Мӕ мӕстӕй расомы кодтон: уыдон Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты». Хуыцау, дуне куы сфӕлдыста, уӕд арӕзт фӕци Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 4:3
15 Iomraidhean Croise  

Хуыцау ӕркасти, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уымӕ — алцыдӕр уыд иттӕг хорз. Уыди изӕр, уыди райсом — ӕхсӕзӕм бон.


Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх; ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв, зӕхх ӕмӕ денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уый, ӕвдӕм бон та ӕрӕнцад Йӕ алы куыстӕй. Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг сабаты бонӕн раарфӕ кодта, скодта йӕ уаз.


Уый сын раздӕр дзырдта: «Ацы ран уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнцой, уадз ӕмӕ фӕллад адӕм баулӕфой. Ацы ран у ӕнцойы бынат». Фӕлӕ Йӕм уыдон нӕ байхъуыстой.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“.


Сымахӕй фӕхицӕн кӕндзынӕн, Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы фыдгӕнджыты. Ракӕндзынӕн сӕ, ӕрцӕуӕггӕгты цардӕй кӕм цӕрынц, уыцы зӕххӕй, фӕлӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыди, уый: «Дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыдис, уый».


Уӕд, Йӕ рахизфарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый.


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Уый мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, цӕмӕй Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп уӕм.


Ӕмӕ Мӕ мӕстӕй расомы кодтон: „Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон“».


Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийӕн ӕмкусджытӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл фидарӕй кӕронмӕ куы хӕцӕм, уӕд.


Афтӕ куы уыдаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.


Уый сӕвзӕрстӕуыд дуне сфӕлдисыны размӕ, ӕмӕ сымах сӕраппонд раргом рӕстӕджы кӕрон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan