Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 4:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 4:13
37 Iomraidhean Croise  

Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».


уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын ныббар, алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕрмӕстдӕр Ды зоныс.


Мӕрдтыбӕсты дуар гом у Йӕ разы, Аваддонӕн Дзы бамбӕхсӕн нӕй.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ цӕст дары адӕмы фӕндӕгтӕм, сӕ алы къахдзӕф дӕр сын уыны.


Мӕлӕты дуӕрттӕ дын искуы байгом сты, мӕрдон тары дуар искуы федтай?


Калмау мӕм сӕ цыргъ ӕвзаг сласынц, сӕ былтыл — калмы марг.


Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. О Дунедарӕг, равзар мын мӕ хъаст, мӕ рӕстадмӕ, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ!


Ӕрмӕстдӕр ӕвдисӕн уыдзынӕ — дӕхи цӕстӕй фыдлӕгты ӕфхӕрд фендзынӕ.


Мӕрдтыбӕстӕ ӕмӕ Аваддон Дунедарӕджы раз гом сты, уӕлдайдӕр та — адӕмы зӕрдӕтӕ.


Дунедарӕджы цӕстытӕ алкӕдӕм дӕр кӕсынц: фыдзӕрдӕты дӕр уынынц ӕмӕ, хӕларзӕрдӕ чи у, уыдоны дӕр.


Дунедарӕг адӕймагӕн йӕ алы фӕндаг дӕр уыны, йӕ алкӕцы фӕндагмӕ дӕр ын Йӕ цӕст дары.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн алы хъуыддагӕн, уыимӕ — сусӕг хъуыддӕгтӕн, хорзӕй, ӕвзӕрӕй.


Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уынын. Нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ цӕстытӕй нӕ басусӕг кӕндзысты.


Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».


Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы цъаммар митыл бафтыдысты: кӕйдӕр устытимӕ хъахбай митӕ кодтой, Ӕз сын нӕ бафӕдзӕхстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой. Ӕппӕт уыдӕттӕ Ӕз зонын, Мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ды раргом кӕныс арф сусӕгтӕ, талынджы Дӕ ницы ис бамбӕхсӕн. Ды кӕм дӕ, уым ӕппынӕдзухӕй рухс у.


Уӕд де ’ххуысы хай уыдзӕни сусӕг, ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн ӕргомӕй.


Йесо сыл Йӕхӕдӕг та не ’ууӕндыд, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр зыдта


Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.


Йесо йын зӕгъы: «Ацу, дӕ моймӕ фӕдзур ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕх».


Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».


Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan