11 Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ уыдоны хъысмӕт ма баййафа.
Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахад райсыныл хъӕуы ӕппӕт хъарутӕ бахардз кӕнын, ӕмӕ, чи архайы, уыдон ӕй райсынц.
Бахизут нарӕг кулдуарыл, уымӕн ӕмӕ фӕтӕн кулдуар ӕмӕ сӕфты уӕрӕх фӕндагыл бирӕ цӕуджытӕ ис.
«Архайут нарӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ бахизыныл архайдзысты, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕни.
Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны размӕ уыдысты. Ацы рӕстӕджы та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕй уырдӕм бахауыныл архайы.
Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».
Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппӕ, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци.
Уыцы тӕригъӕдты аххосӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны ӕмӕ, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныр цы мон архайы, уымӕн коммӕгӕсӕй.
Дзӕгъӕл ныхӕстӕй уӕ мачи асайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл Йӕ азар ныккалдзӕн.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, сымах иудадзыг коммӕгӕс уыдыстут — ӕз уемӕ куы уыдтӕн, уӕд дӕр, уӕлдайдӕр та ныртӕккӕ, ӕз уемӕ куы нӕ дӕн, уӕд. Уӕдӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ уӕхи хъарут уӕ фервӕзыныл,
Уыдӕтты тыххӕй Хуыцау Йӕ фыдӕх ныккалдзӕн Йӕ ныхмӕлӕуджытыл.
Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.
Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.
Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнк зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.
Ӕнӕсӕттонтӕй дарддӕр кӕмӕн расомы кодта Хуыцау, Мӕ ӕнцойадмӕ никуы бацӕудзыстут, зӕгъгӕ?
Чидӕртӕ та йӕм нырма бацӕуинаг сты. Фарны Уац раздӕр чи фехъуыста, уыдон ӕм сӕ хивӕнды аххосӕй нӕ бацыдысты.
Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый.
Йешуамӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд ын загътой: «Ӕппӕт адӕмы уырдӕм цӕуыны сӕр ницӕмӕн хъӕуы. Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ мин лӕджы куы ацӕуа, уӕддӕр ӕгъгъӕд уыдзӕни Гайы сахар басӕттынӕн. Бирӕ не сты гайӕгтӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ма бафтау фыдӕбоныл».
Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ фестын кодта ӕртхутӕг, рахаста сын сыскъуыныны тӕрхон, фидӕны ӕнӕхуыцӕуттӕн уый зонды хос куыд уа, афтӕ;