Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 3:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Фӕлвӕрдтой Мӕ уым уӕ фыдӕлтӕ, фӕлтӕрдтой Мӕ, кӕд Мын дыууиссӕдз азы дӕргъы Мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 3:9
17 Iomraidhean Croise  

Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ сыгъдӕг кады рухсы! Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз ӕмризӕджы нырризӕд!


„Сымах федтат, Ӕз мысырӕгтӕн цытӕ бакодтон, уый. Федтат, цӕргӕсы базыртыл хӕссӕгау уӕ кӕй рахастон ӕмӕ уӕ Мӕхимӕ кӕй ӕрбакодтон.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Израилӕгтӕн Мӕнӕй афтӕ зӕгъ. Сымах федтат, уӕларвӕй уӕм куыд дзырдтон, уый.


Сымах та Мысыры зӕххӕй рахуыдтон ӕмӕ уӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, цӕмӕй уын сӕ зӕхх исбонӕн радтон, уый тыххӕй.


Уӕ цот дыууиссӕдз азы дӕргъы ацы ӕдзӕрӕг быдыры фосы фӕстӕ рахау-бахау кӕндзысты ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕд фиддзысты, цалынмӕ ма уӕ иу дӕр удӕгас уа, уӕдмӕ.


Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕн дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ слӕууыдысты сӕ къахыл, хъотырджынтӕ сдзӕбӕх сты, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ Фарны Уац хъусынц.


Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Елима дӕр, ома кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа.


Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.


Уӕхи цӕстытӕй федтат сымах, Дунедарӕг цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уый.


Моисей фӕдзырдта ӕппӕт израилӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Уӕхи цӕстӕй федтат Мысыры, Дунедарӕг фараонӕн, йӕ дӕлдӕртӕн ӕмӕ йӕ бӕстӕйӕн цытӕ бакодта, уый.


Уӕхи цӕстӕй федтат, Дунедарӕг Баал-Пеоры цытӕ бакодта, уый: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Баал-Пеоры фӕстӕ чидӕриддӕр адзӕгъӕл ис, уыдонӕн сӕ мыггаг сыскъуыдта.


Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Уыцы дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ дарӕс дӕр нӕ лӕзӕрыди, уӕ къӕхтӕ дӕр нӕ рӕсыдысты.


Сымах иууылдӕр федтат, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, амы адӕмтӕн уӕ цӕстыты раз цытӕ бакодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг хӕцыди уӕ сӕрыл.


Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ ӕххуысмӕ куы скуывтой, уӕд Ӕз сымахӕй мысырӕгты ’хсӕн дуне ныттар кодтон, мысырӕгтӕм денджызы уылӕнтӕ сарӕзтон, ӕмӕ сӕ быны фесты. Уӕхи цӕстӕй федтат, Ӕз мысырӕгтӕн цы бакодтон, уыдӕттӕ. Уый фӕстӕ сымах дзӕвгар рӕстӕг фӕцардыстут ӕдзӕрӕг быдыры.


Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуаджы цардӕй фӕцардысты дыууиссӕдз азы бӕрц, цалынмӕ Мысырӕй рацӕуӕг хӕстхъом адӕм иууылдӕр амардысты, уӕдмӕ. Уыдон Дунедарӕджы коммӕ нӕ кастысты, ӕмӕ Дунедарӕг расомы кодта, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары ӕмӕ йӕ раттынӕй сӕ фыдӕлтӕн ард кӕй тыххӕй бахордта, уыцы зӕхх кӕй нӕ фендзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan