8 уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут уӕ фыдӕлтау, — уыдон ӕдзӕрӕг бӕсты Йӕ ныхмӕ куыд сыстадысты ӕмӕ Йӕ куыд фӕлвӕрдтой, уыйау.
Фӕлӕ адон сӕ фыдӕлтау систы хиваст. Нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, сӕ зӕрдӕ Йыл нӕ дардтой.
Ӕмӕ уӕ фыдӕлтау хиваст ма ут, Дунедарӕджы коммӕ кӕсут. Ӕрбацӕут Ын Йӕ Кувӕндонмӕ, мыггагмӕ кӕй ссыгъдӕг кодта, уырдӕм. Лӕггад кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ иуварс аздаха Йӕ судзгӕ маст.
Цедекиа сыстади паддзах Навуходоносоры ныхмӕ, кӕд ын уый Хуыцауы раз ард бахӕрын кодта, уӕддӕр. Ахӕм хивӕнд ӕмӕ хиваст разынди, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, йе ’ргом раздахын нал фӕндыд.
Фӕлӕ уыдон хиваст ӕмӕ нӕсӕттон систы, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ницӕмӕ дардтой.
Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?
Саудалынгӕй, мӕрдон тарӕй сӕ рухсмӕ ракодта, сӕ хъадамантӕ сын ныссаста.
Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут, бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ.
Уыцы бынат та схуындӕуыди Масса ӕмӕ Мерива, уымӕн ӕмӕ уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн уайдзӕфтӕ кодтой ӕмӕ Йӕ фӕлвӕрдтой, Дунедарӕг немӕ ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтой, уымӕй.
Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.
Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр тас кӕмӕ ис, уыцы адӕймаг тӕхудиаг у, фыдзӕрдӕ та фыдбылызы бахаудзӕн.
Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.
Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут.
Фӕлӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕй сси, уый тыххӕй йӕ паддзахы бынатӕй фӕхауди ӕмӕ йӕ кадӕй ӕнӕхай фӕци.
ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Кӕдмӕ Мӕ мӕсты кӕндзысты ацы адӕм? Цы диссӕгтӕ сын равдыстон, уыдон сын фаг не сты, цӕмӕй Мыл баууӕндой?
Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты, хъусӕй зынтӕй хъусынц ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма феной, хъусӕй дӕр ма фехъусой ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой, се ’ргом Мӕм ма раздахой ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон“.
Фӕлӕ иуӕй-иутӕ хъӕддыхӕй ныхмӕ куы лӕууыдысты, куы не ’ууӕндыдысты ӕмӕ адӕмы раз ӕргом куы фаудтой Бардарӕджы фӕндаг, уӕд сӕ Павел ныууагъта, рахицӕн кодта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ӕрвылбон семӕ ныхас кодта Тиранны скъолайы.
Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.
Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты.
Ма фӕлварут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Массайы йӕ куыд фӕлвӕрдтат, афтӕ.
Цӕмӕн стут Мысыры адӕм ӕмӕ фараоны хуызӕн хиваст? Израилы Хуыцау сыл Йӕ хъару куы бавзӕрста, уӕд уыдон дзуттӕгты куы ауагътой!