3 Фӕлӕ хӕдзар саразӕг хӕдзарӕй кадджындӕр куыд у, афтӕ Йесо дӕр Моисейӕ стырдӕр цыты аккаг у.
«Ацы хӕдзарӕн бындур Зоровавелы къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дӕр сараздзысты йӕ къухтӕ. Уӕд базондзынӕ, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.
Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
Мах Хуыцауимӕ стӕм ӕмкусджытӕ, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы бӕстыхай.
Йӕ бындур къӕйдуртыл фыст дамгъӕтӕ кӕмӕн уыдысты, кӕд уыцы мӕлӕтхӕссӕг куыст афтӕ намысджын уыд, ӕмӕ рӕстӕгмӕ тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой,
Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕргълӕууӕг. Уый у Сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар.
Фӕлӕ уынӕм, ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыди Йесо, уый фӕстӕ та кад ӕмӕ намысӕй схайджын ис. Хуыцау мах Йе стыр хорзӕхы аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Уый махӕй алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт бавзӕрста.
Уымӕн ӕмӕ алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, фӕлӕ Хуыцау та ӕппӕты аразӕг у.
Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.