Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Моисей Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл куыд ӕнувыд уыд, афтӕ Йесо дӕр ӕнувыд у, Алчерӕй Йӕ Чи сӕвӕрдта, Ууыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 3:2
14 Iomraidhean Croise  

Моисей бакодта, Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Мӕ цагъар Моисейы хъуыддаг та ӕндӕр у: уый алцӕмӕй дӕр иузӕрдион у Мӕныл Мӕ Хӕдзары.


Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.


Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый Ӕз сӕххӕст кодтон ӕмӕ Дӕ Уымӕй скадджын кодтон зӕххыл.


Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы скадджын кӕнын Кӕй фӕнды, Уый та, ӕцӕг цы у, уый дзуры — мӕнгдзинад Ӕм нӕй.


Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын».


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы рӕзут сымах дӕр, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ сымахӕй амадӕуа Хуыцауы цӕрӕнуат.


Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй,


Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у — ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе ’нӕфӕцудгӕ бындур.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Уӕд сын Самуел загъта: «Моисей ӕмӕ Аароны Чи равзӕрста ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг — ӕвдисӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan