Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 3:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Нӕхӕдӕг ӕй уынӕм: хивӕнд кӕй уыдысты, ӕцӕгдӕр сын уый тыххӕй нӕ бантыст уырдӕм бацӕуын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 3:19
10 Iomraidhean Croise  

уыдон уыдтой Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, Йӕ диссӕгтӕ доны арфы.


Чи баууӕнда ӕмӕ аргъуыд чи райса, уый фервӕздзӕн; чи нӕ баууӕнда, уый та тӕрхонгонд ӕрцӕудзӕн.


Чи Йыл ӕууӕнды, уый тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн, чи Йыл не ’ууӕнды, уымӕн та ныридӕгӕн тӕрхон рахастӕуыд, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыди Хуыцауы Иунӕг Фыртыл.


Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын у мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн — Хуыцауы азар ӕй баййӕфта».


Фӕлӕ уыдон дӕр хивӕнд куынӕ уой ӕмӕ куы баууӕндой, уӕд та сӕ бафтыдӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон у бӕласыл сӕ ногӕй бафтауын.


Фӕлӕ уӕддӕр сымах не ’ууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл.


Ӕмӕ, ӕцӕгадыл чи нӕ баууӕндыди, фӕлӕ тӕригъӕд чи бауарзта, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдзысты тӕрхонгонд.


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнк зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.


Хуыцауы Фыртыл чи ӕууӕнды, уымӕн Хуыцауы уыцы ныхас йӕ зӕрдӕйы ис. Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уый Йӕ ӕвдисы сайӕгойӕ, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕнды, Хуыцау Йӕ Фырты тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхасыл.


Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan