Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 3:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕнӕсӕттонтӕй дарддӕр кӕмӕн расомы кодта Хуыцау, Мӕ ӕнцойадмӕ никуы бацӕудзыстут, зӕгъгӕ?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 3:18
16 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Кӕдмӕ Мӕ мӕсты кӕндзысты ацы адӕм? Цы диссӕгтӕ сын равдыстон, уыдон сын фаг не сты, цӕмӕй Мыл баууӕндой?


уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ фендзӕн, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый.


Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ сымахӕй ничи бацӕудзӕн, уым уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уын ард кӕмӕй бахордтон, уыцы бӕстӕм.


уыцы лӕгтӕ — бӕстӕйыл цъыфкалӕн чи кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр — рынӕй фӕцагъды сты. Дунедарӕг сыл Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдта.


Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Фаг Мыл кӕй нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ, Уаз кӕй Дӕн, уый израилӕгты раз кӕй нӕ равдыстат, уымӕ гӕсгӕ ацы адӕмы, цы бӕстӕ сын дӕттын, уырдӕм сымах нӕ бакӕндзыстут».


Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын у мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн — Хуыцауы азар ӕй баййӕфта».


Сымах, муртаттӕгтӕ, кӕддӕр Хуыцауы коммӕ нӕ кастыстут, фӕлӕ уын уыдоны ӕнӕбасӕттоны тыххӕй ныр уый барст ӕрцыд,


Дунедарӕг уӕ Кадеш-Барнеайӕ куы рарвыста, цӕут ӕмӕ уын цы бӕстӕ дӕттын, уый уӕхи бакӕнут, зӕгъгӕ, уӕд Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ бакастыстут, нӕ Йыл баууӕндыдыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтат.


Ӕмӕ Мӕ мӕстӕй расомы кодтон: „Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон“».


Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ уыдоны хъысмӕт ма баййафа.


Уымӕн ӕмӕ, Фарны Уац уыдон куыд фехъуыстой, мах дӕр ӕй афтӕ фехъуыстам. Фӕлӕ сын, цы ныхас фехъуыстой, уый пайда не ’рхаста, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты.


Чидӕртӕ та йӕм нырма бацӕуинаг сты. Фарны Уац раздӕр чи фехъуыста, уыдон ӕм сӕ хивӕнды аххосӕй нӕ бацыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan