17 Дыууиссӕдз азы дӕргъы Хуыцауы маст кӕмӕ фыхти? Тӕригъӕдджын чи фӕци ӕмӕ йе стджытӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕмӕн баззадысты, уыдонмӕ Йын нӕ фыхти, ӕви?
Фехъусын кӕнут адӕмтӕн: «Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны!» Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар, нӕ фенкъуысдзӕн; Дунедарӕг адӕмтӕн раст тӕрхон кӕндзӕн.
Фехъусын сын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Адӕмы мӕрдтӕ, быдырты цы фаджыс фӕлӕзӕры, хуымгӕрдӕг йӕ фӕстӕ цы мӕнӕуы куыристӕ ныууадзы, уыдонау зӕххыл лӕзӕрдзысты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый нӕ уыдзӕн».
Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта,
Фехъусын сын кӕн: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уын, цы агуырдтат, уый бакӕндзынӕн!
Ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты уӕ мӕрдтӕ — ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕрты номхыгъды чи ис, уыдонӕн се ’ппӕты мӕрдтӕ, Мӕныл чи хъуыр-хъуыр кодта, уыдонӕн се ’ппӕты мӕрдтӕ!
уыцы лӕгтӕ — бӕстӕйыл цъыфкалӕн чи кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр — рынӕй фӕцагъды сты. Дунедарӕг сыл Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдта.
Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.