15 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон, Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд, Йӕ ныхмӕ цы заман сыстадыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».
Адӕмтӕ, сыстаут Дунедарӕджы, стаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс!
уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?
Мӕ рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни, чи фӕцуда, уымӕй та Ӕз райгонд нӕ уыдзынӕн».
Уымӕ гӕсгӕ та Хуыцау снысан кодта ног афон — «абон». Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ загъта Давиды уылты, уӕлдӕр кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы ныхӕстӕ: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».