Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 2:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 ӕппӕт дӕр ын йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдтай». Ӕппӕт дӕр адӕймаджы дӕлбар куы бакодтай, уӕд ницы ныууагътай, йӕ бар цӕуыл нӕ цыди, ахӕмӕй. Ныртӕккӕ та нырма нӕма уынӕм, ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар кӕй у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 2:8
19 Iomraidhean Croise  

«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».


Ды йӕ зӕдтӕй бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ йын цыт радтай.


Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Ӕппӕт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕрзоныг кодтой Йӕ разы. Йӕ хицаудзинад ӕнусон у, ӕмӕ Йӕ паддзахад сӕфтмӕ никуы ӕрцӕудзӕн.


Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.


Ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо, Йӕ Фыд Ын ӕппӕт дӕр Йӕ къухмӕ кӕй радта, Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ ныр Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый зонгӕйӕ,


Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ.


Уымӕн ӕмӕ Чырыстийӕн Хуыцау «ӕппӕт Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдта». Кӕд загъд у «ӕппӕт Ын Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдта», уӕддӕр бӕлвырд у — ам ныхас нӕ цӕуы Чырыстийы къӕхты бын ӕппӕт ӕрӕвӕрӕг Хуыцауӕн Йӕхиуыл.


Хуыцау Йӕ зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта: «Сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн?»


Абон та, рӕстӕджыты кӕрон, Уый немӕ дзырдта Йӕ Фырты уылты, ӕппӕтӕн дӕр бындар Кӕй скодта ӕмӕ дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста.


Цы фидӕны дун-дунейы кой кӕнӕм, уый Хуыцау зӕдты дӕлбар нӕ бакодта.


Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.


дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.


ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan