6 Афтӕ кӕй у, уый тыххӕй чидӕр Сыгъдӕг Фысты ӕргом куы загъта: «Цы у адӕймаг, ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа? Кӕнӕ цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл Ды мӕт кӕнай?
Ӕмӕ загъта Йосеф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».
Цы у адӕймаг, цӕмӕй сыгъдӕг уа? Сылгоймаг кӕй ныййардта, уымӕн рӕстуд уӕвӕн куыд ис,
Уӕлдайдӕр та адӕймаг — зулкъ йеддӕмӕ ницы у, адӕмы цот рӕмпӕгӕй уӕлдай не сты».
Стыр у Дунедарӕг ӕмӕ у ӕппӕлыны аккаг, зонд не ’ххӕссы Йе стырадыл.
Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ницы сты Йӕ разы — ницыдзинадӕй, афтиддзинадӕй къаддӕрыл нымад сты Уымӕ.
«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?
«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.
уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ барон у. Йӕ хорзӕхы руаджы нын уӕлӕрвтӕй рарвитдзӕни Сӕуӕхсид,
Адӕмы зӕрдӕты тас бацыд, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркасти Йӕ адӕммӕ».
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе ’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уӕ рагацау куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймаг ӕфхӕрд баййафдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ ӕвдӕм боны тыххӕй иу ран афтӕ загъд ис: «Ӕмӕ ӕвдӕм бон Хуыцау ӕрӕнцад Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй».
Ӕндӕр ран дӕр ма куыд загъд у, афтӕ: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».
Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы хъизӕмӕртты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры кады тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы рӕстӕгмӕ ӕмӕ уавӕрмӕ амыдта, уый базоныныл.