Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 2:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 2:17
37 Iomraidhean Croise  

Сауджынтӕ сӕ аргӕвстой ӕмӕ сын сӕ тугӕй нывондхӕссӕныл бапырх кодтой, цӕмӕй барст ӕрцӕуа ӕгас Израилы тӕригъӕд. Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕгас Израилы тыххӕй бафӕдзӕхста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссын.


Рӕстдзинад суыдзӕни Йӕ рон, иузӕрдиондзинад ӕрбабӕтдзӕни Йӕ синтыл.


Израилы лыстӕг фосы дзугтӕй дыууӕсӕдӕ фысӕй — иу фыс. Ӕппӕт уыдон хъӕуынц хойраджы хуынӕн, иууылсудзинагӕн ӕмӕ фидыды нывондӕн, адӕмы ссыгъдӕг кӕныны охыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Уымӕн та йӕ хӕс у адӕмы ифтонг кӕнын иууылсудзинӕгтӕй, хойраджы хуынтӕй ӕмӕ сӕнӕй — сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, Израилы адӕмы ӕппӕт бӕрӕгбӕтты заман, цӕмӕй-иу Израилы адӕм сӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй хӕссой тӕригъӕды нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ».


Афтӕ бакӕнын хъӕудзӕни мӕйы ӕвдӕм бон дӕр, ӕнӕбары кӕнӕ ӕнӕзонгӕйӕ чи фӕтӕригъӕдджын ис, уыдоны тыххӕй. Афтӕ-иу ссыгъдӕг кӕнут Кувӕндон.


Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.


Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ сӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн.


Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд, израилӕгтӕ сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтӕй цы Уаз Цӕрӕн фӕчъизи кодтой, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Афтӕ-иу бакӕнӕд Фембӕлды Цатырӕн дӕр — Израилы адӕмӕн сӕ астӕу чи ис ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уымӕн.


Фӕлӕ тӕригъӕды нывонды фыд, йӕ туг Фембӕлды Цатырмӕ кӕмӕн ӕрбахӕссынц — тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау Уаз Цӕрӕны сӕххӕст кӕнынӕн, — уый та хӕрӕн нӕй, басудзын ӕй хъӕуы.


Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.


Ссыгъдӕг кӕнӕд сауджын ӕппӕт израилӕгты дзыллӕ, ӕмӕ сын хатыр уыдзӕн: рӕдыд ӕрцыд, ӕмӕ уыцы рӕдыды тыххӕй уыдон арты нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, стӕй ма тӕригъӕды нывонд дӕр ӕрхастой Дунедарӕджы раз.


Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы мӕ бон раппӕлын у, Хуыцауы номыл цы уазлӕггад кӕнын, уымӕй.


Уымӕн ӕмӕ раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ кӕм уыдыстӕм ӕмӕ Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы Йемӕ кӕм бафидыдтам, уым нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы!


ӕмӕ дыууӕты дӕр, иу буары, Хуыцауимӕ бафидауын кӕна, дзуарыл мӕлӕт райсгӕйӕ ӕмӕ Йӕ мӕлӕтӕй фыдӕх фесафгӕйӕ.


Кӕддӕр сымах дӕр Хуыцауӕн уыдыстут ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ Йе знӕгтӕ, ӕмӕ уый ӕвдыстат уе ’взӕр хъуыддӕгтӕй.


Хуыцауы хӕдзары сӕргъы стыр Алчер ис,


Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй, чи ссыгъдӕг, уыдон дӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕн нӕ нымайы Чырысти Йӕхицӕн ӕгадыл уыдоны Йе ’фсымӕртӕ хонын.


Ӕмӕ, хъӕбултӕ буар ӕмӕ тугӕй конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары — хӕйрӕджы — ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ


Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Уый райста зӕдты ӕрдзыхъӕд нӕ, фӕлӕ Авраамы байзӕддаджы ӕрдзыхъӕд.


Уӕдӕ, Уӕларвӕй кӕмӕ фӕсидтысты, мӕ уыцы сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ, нӕ уырнындзинады Алчер Йесомӕ.


Моисей Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл куыд ӕнувыд уыд, афтӕ Йесо дӕр ӕнувыд у, Алчерӕй Йӕ Чи сӕвӕрдта, Ууыл.


Моисей ӕнувыд уыди Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл, фӕлӕ — лӕггадгӕнӕгау: цӕмӕй ӕвдисӕн уа, фидӕны цы загъд уыдзӕн, уымӕн.


Махӕн ис, уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр Чи ссыди, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ мах хъуамӕ фидар хӕцӕм, ӕргомӕй кӕуыл ӕууӕндӕм, уыцы ӕцӕгдзинадыл.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Уымӕн ӕмӕ алы алчер дӕр адӕмы ’хсӕнӕй ӕвзӕрст ӕрцӕуы, адӕмы тыххӕй йӕ сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, цӕмӕй Йын Йӕ размӕ хуынтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ хӕсса.


Хуыцау Ӕй Йӕхӕдӕг схуыдта Мелхиседекы хуызӕн алчер.


Уымӕн йӕ бон у ӕнӕмбаргӕты дӕр ӕмӕ фӕдзӕгъӕлуӕвджыты дӕр бамбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр лӕмӕгъ у.


Чырысти дӕр, Алчер суӕвгӕйӕ, Йӕхӕдӕг Йӕхи не скадджын кодта, фӕлӕ Йын афтӕ Чи загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ», Уый Йын кад радта.


Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм.


Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.


Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алчертӕй ӕвӕры хуымӕтӕг ӕмӕ, лӕмӕгъдзинӕдтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймӕгты; Ӕгъдау раттыны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта, уымӕ гӕсгӕ та Алчерӕй сӕвӕрдӕуыд, мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи у, уыцы Фырты.


Нӕ ныхасы сӕр та мӕнӕ уый у: махӕн ис, Дунедарӕджы рахизфарс Чи ӕрбадтис уӕлӕрвты, ахӕм Алчер.


Алы алчеры дӕр сӕвӕрдӕуы хуынтӕ скувын ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн. Уымӕ гӕсгӕ мах Алчермӕ дӕр хъуамӕ уыдаид, нывондӕн цы ӕрхастаид, уый.


Ныр та ӕрцыди Чырысти — ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Уаз Цӕрӕнмӕ, кӕцы у ахсджиагдӕр, алцӕмӕй дӕр — ӕххӕст; уый хиконд, ома ацы дунейӕ нӕу.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan