Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 2:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕмӕ ноджыдӕр: «Ӕз Ыл Мӕ зӕрдӕ дардзынӕн». Ӕмӕ ноджыдӕр: Мӕнӕ Ӕз Мӕхӕдӕг ӕмӕ, «Хуыцау Мын кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 2:13
16 Iomraidhean Croise  

Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы федта, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Йаков дзуапп радта: «Хуыцау дӕ цагъарӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ».


Йосеф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Мӕ фырттӕ, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон». Йаков ын загъта: «Ӕрбакӕ-ма сӕ, ӕмӕ сын арфӕ ракӕнон».


Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, уым агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн. Уый — мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах. Ды — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, фыдбылызӕй мӕ бахызтай.


Дӕ бинойнаг дӕ хӕдзары мидӕг зад сӕнӕфсир бӕласау — зӕнӕгджын, дӕ фынджы алыварс дӕ фырттӕ — оливӕ бӕласы ӕвзартау.


Давиды куывд. Дунедарӕг, мӕ раст уд Де уазӕг, фехъус мын мӕ дзыназын! Мӕ куывд мын айс — сайгӕ куы нӕ кӕны ме ’взаг!


Уӕлӕрвтӕ Хуыцауы кадыл дзурынц, арвы къӕй ӕвдисӕн у Йӕ хъуыддӕгтӕн!


Куыд ӕхцон у Дунедарӕджы стауын ӕмӕ Дӕ номы кадӕн зарын, Бӕрзӕндтыл Бадӕг,


Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»


Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“».


Уыдон Мын Мӕ Фыд радта, Мӕ Фыдӕй уӕлдӕр та нӕй. Ӕмӕ сӕ Мӕ Фыды къухӕй аскъӕфын никӕй бон у.


Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй — Фарны Уац уӕм кӕй ӕрхастон, уый фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan