12 Уый зӕгъы: «Дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн Ме ’фсымӕртӕн, Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн се ’мбырды».
Алелуйа! Тӕхудиаг у, Дунедарӕгӕн аргъуыц чи кӕны, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцон кӕмӕн сты.
Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, ӕмӕ ӕууӕндгӕ дӕр кӕуыл кодтон, мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый дӕр мӕ ныхмӕ рацыди.
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон.
уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм,