8 Йесо Чырысти знон цавӕр уыд, абон дӕр ахӕм у ӕмӕ мыггагмӕ дӕр ахӕм уыдзӕн.
Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск бӕлас ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, Ӕнусон Хуыцауы, ном.
Мӕргътӕ сыл ахстӕттӕ кӕнынц, нӕзытыл ӕрбынат кӕнынц къадзтӕ.
Дунедарӕгӕн зӕгъы: «Ды — мӕ ирвӕзӕн фидар, мӕ къӕдзӕх, мӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарын, уыцы Хуыцау!»
Йӕ базыры бын дӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дын тас ницӕмӕй уыдзӕн. Йӕ иузӕрдиондзинад — дӕ сис ӕмӕ дӕ уарт.
Хуыцау загъта Моисейӕн: «ӔЗ ДӔН, ЧИ ДӔН, УЫЙ. Ӕмӕ-иу ахӕм дзуапп ратт израилӕгтӕн: „Мӕн сымахмӕ рарвыста, Йӕ ном ӔЗ ДӔН кӕмӕн у, Уый“».
Ацы хабӕрттӕ Кӕй фӕрцы ӕрцӕуынц, уый Чи у? Уый у, адӕмты фӕлтӕртӕн райдианӕй нырмӕ дунейы рухс Чи фенын кӕны, уыцы Хуыцау. Ӕз Дунедарӕг дӕн. Райдианы дӕр Ӕз дӕн ӕмӕ фӕстаг заман дӕр Ӕз уыдзынӕн».
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн. Йаковы фырттӕ, Ӕз ивгӕ нӕ кӕнын, ӕмӕ сымах дӕр уый фӕрцы нӕ фесӕфтыстут.
Ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей сымахӕн Кӕй тыххӕй дзырдтам, Хуыцауы уыцы Фырт Йесо Чырысти уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст «о» у.
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдон иууылдӕр Чырыстийы фӕрцы сты «о» — сӕххӕст вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн кад куы фӕкӕнӕм, уӕд Чырыстийы руаджы фӕзӕгъӕм «аммен».
Стухдзынӕ сӕ ӕмӕ сӕ раивдзынӕ дарӕсау. Ды та ӕнӕивгӕ уыдзынӕ, ӕмӕ Дӕ бонтӕ никуы фӕуыдзысты».
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы мах Чи фервӕзын кодта, уыцы иунӕг Хуыцауӕн уӕд кад ӕмӕ стырад, паддзахад ӕмӕ хъомыс — ӕнусты размӕ, ныр ӕмӕ ӕнустӕм! Аммен.
Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ».
Иоаннӕй — Азийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй
«Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ [райдиан ӕмӕ кӕрон]», — зӕгъы Бардарӕг Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый — Ӕппӕтылхӕцӕг.