25 Хуыцауы хорзӕх уе ’ппӕты дӕр уӕд.
Ӕз сидын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Ӕмӕ уын уӕд фарндӕттӕг Хуыцау рӕхджы уӕ къӕхты бын басӕтдзӕни сайтаны. Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд уемӕ. Аммен.
Салам уын ӕрвиты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гайос. Саламтӕ уын сахары ӕхцафснайӕг Эрастӕй ӕмӕ не ’фсымӕр Квартӕй.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы чи уарзы, уыдон се ’ппӕт дӕр хайджын уӕнт Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ ӕнусон цардӕй. Аммен.
Ӕз, Павел, мӕ салам ныффыстон мӕхи къухӕй. Ӕз рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уый уӕ рох ма уӕд. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.
Бардарӕг Йесо Чырысти демӕ! Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд!
Саламтӕ дын ӕрвитынц, мемӕ чи ис, уыдон иууылдӕр. Саламтӕ ратт, мах чи уарзы, уыцы уырнджытӕн. Хуыцауы хорзӕх уе ’ппӕты дӕр уӕд.
Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.
Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд алкӕй дӕр. Аммен.