24 Саламтӕ раттут уе ’ппӕт хистӕртӕн ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджытӕн. Саламтӕ уын дӕттынц италиаг уырнджытӕ.
Уым сӕмбӕлди, йӕ ном Акилӕ кӕмӕн уыд, ахӕм цавӕрдӕр понтаг иудейагыл йӕ ус Прискиллӕимӕ. Уыдон ӕрӕджы ӕрцыдысты Италийӕ, уымӕн ӕмӕ, кесӕр Клавдийы бардзырдмӕ гӕсгӕ, ӕппӕт иудейӕгтӕ дӕр хъуамӕ Ромӕй ацыдаиккой. Павел ӕрбацыди уыдонмӕ,
Италимӕ кӕй хъуамӕ ацӕуӕм, уыцы уынаффӕ куы рахастӕуыд, уӕд Павелы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕстыты радтой сӕдӕйыхицау Юлийы къухмӕ; уый уыди кесӕры ӕфсӕддон хайӕ.
Ананиа дзуапп радта: «Бардарӕг, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй дӕр, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Йерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй дӕр бирӕтӕй фехъуыстон.
ахӕмты, стӕй ма уыцы хъуыддаджы семӕ чидӕриддӕр фӕллой кӕны, уыдоны коммӕ кӕсут.
Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не ’фсымӕр Тимофейӕ — Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, стӕй ӕгас Ахайы ӕппӕт сыгъдӕджытӕм.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд! Хуыцауы уарзт ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй уе ’ппӕт дӕр хайджын ут!
Павел ӕмӕ Тимофейӕ, Йесо Чырыстийы цагъартӕй, — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, Филиппты уыцы сыгъдӕджытӕм, аргъуаны хистӕртӕм ӕмӕ диакъонтӕм.
Саламтӕ уын ӕрвитынц ӕппӕт сыгъдӕджытӕ, уӕлдайдӕр та кесӕры хӕдзаронтӕ.
Чырыстиимӕ иу чи у, Колоссы уыцы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм.
Уымӕн ӕмӕ ӕз хъусын, Бардарӕг Йесойыл куыд тынг ӕууӕндыс, ӕппӕт сыгъдӕджыты цы уарзтӕй уарзыс, уый тыххӕй.
Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц — сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.
Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад.