Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 13:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, байхъусут ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм. Ӕз уӕм бирӕ дӕр куы нӕ ныффыстон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 13:22
22 Iomraidhean Croise  

Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».


Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн.


Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.


Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.


Уынут, мӕхи къухӕй уӕм цы стыр дамгъӕтӕй ныффыстон!


Уӕлдӕр цыбырӕй куыд фыстон, афтӕмӕй мын Хуыцау раргом кодта Йӕ сусӕгдзинад.


ӕмӕ уын хъӕбултау уӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕнынӕн цы загъд уыди, уый уӕ ферох ис: «Мӕ хъӕбул, Хуыцауы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд дӕ ныфс ма сӕттӕд,


Мах тыххӕй куват, уый уӕ уӕлдай тынгдӕр уый тыххӕй курын, цӕмӕй уӕм тагъддӕр ӕрыздӕхон.


Уӕдӕ, цы фехъуыстам, уымӕ хъуамӕ уӕлдай ӕргом здахӕм, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уӕм.


Уӕдӕ, Уӕларвӕй кӕмӕ фӕсидтысты, мӕ уыцы сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ, нӕ уырнындзинады Алчер Йесомӕ.


Уӕдӕ, Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуыны зӕрдӕвӕрд цалынмӕ йӕ тыхы ис, уӕдмӕ нӕм тас уӕд уыцы ӕнцойадӕй ӕнӕхай фӕуынӕй.


Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ уыдоны хъысмӕт ма баййафа.


Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон, иузӕрдионыл кӕй нымайын, уыцы ӕфсымӕр Силуаны ӕххуысӕй. Фӕнды мӕ сымах фӕныфсджын кӕнын, цы хорзӕхы фӕдыл фыссын, уый Хуыцауы ӕцӕг хорзӕх кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн ныллӕууын. Фидар хӕцут уыцы хорзӕхыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan