15 Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй — уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном.
Езекиа ноджы загъта: «Ныр сымах уӕхи Дунедарӕгӕн снывонд кодтат. Гъемӕ уӕдӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссут». Ӕмӕ адӕм иууылдӕр нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссын райдыдтой, кӕй фӕндыди, уыдон та ма иууылсудзинӕгтӕ дӕр ӕрхастой.
Ногӕй сарӕзта Дунедарӕджы нывондхӕссӕн, фидыды ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ йыл ӕрхаста. Иудейӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн.
Сауджынтӕ ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ, левиттӕ дӕр сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты, кӕддӕр Давид Дунедарӕджы стауынӕн кӕй саразын кодта, уыцы зӕлуадзӕнтимӕ. Уыдон дӕр ӕй Давидау стыдтой: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Сауджынтӕ сӕ разы хӕтӕлтӕй цагътой, Израилы адӕм та уырдыг лӕууыдысты уыцы ран.
Уыдон-иу радыгай ныззарыдысты, Дунедарӕджы стаугӕйӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ: «Хӕрзаудӕг у Уый, Йӕ хорзӕхӕй Израил хайджын у ӕнустӕм!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хъӕлӕс ӕрвнӕрӕгау нӕрыд. Иууылдӕр кад кодтой Дунедарӕгӕн, Йӕ хӕдзары бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцыди, уый тыххӕй.
Уый фӕстӕ зарӕггӕнджыты дыууӕ къорды дӕр Хуыцауы хӕдзары раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — ӕз, хицӕуттӕн се ’мбис
Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.
Уазӕг дӕн ӕз ацы зӕххыл, ма мӕ ’мбӕхс Дӕ фӕдзӕхстытӕ.
Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
Сауджын левиттӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕсдзысты, хойраджы хуынтӕ Мын судздзысты».
Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.
Йӕ нывонд бузныджы фӕдыл кӕмӕн уа, уый ма йын йемӕ ӕрбахӕссӕд донгонд тӕнджытӕ — сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд, стӕй оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ ӕмӕ сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд тӕнджытӕ.
дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг;
Йесо ма ноджы загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй.
Уыцы тӕккӕ уысм Ын Сыгъдӕг Уд Йӕ зӕрдӕ байдзаг кодта цинӕй, ӕмӕ Йесо загъта: «Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Дунедарӕг! Стауын дӕ, Ды адӕттӕ куырыхонтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй! О, Мӕ Фыд, Дӕу афтӕ бафӕндыд!
Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни.
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.
Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.
Хуымӕтӕг ӕвзагӕй уын ӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ уын, чи зоны, уыдӕттӕ бамбарын зын уа. Уӕ буӕрттӕ кӕддӕр ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕн цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕвзӕр митӕ кӕнат, афтӕ сӕ ныр та рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй сыгъдӕгӕй цӕрат.
Уыйадыл мах, иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгтӕ, иу Уды фӕрцы баиу стӕм ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр Чырыстийы фӕрцы байгом ис фӕндаг Фыдмӕ.
Ӕмӕ цингӕнгӕйӕ арфӕ кӕнут Фыдӕн — Уый уын Йӕ сыгъдӕджыты бынтӕй хай райсын саккаг кодта Йӕ рухс Паддзахады.
Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.
Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.
Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.
Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.