12 Афтӕ Йесо дӕр, адӕмы Йӕ Тугӕй ссыгъдӕг кӕныны сӕраппонд, амарди фӕссахар.
Моисей уыдӕттӕ израилӕгтӕн радзырдта, ӕмӕ уыдон бакодтой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: ӕлгъитӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракодтой ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкодтой.
Ракодтой йӕ дзыллӕ иумӕ рӕсӕнуатӕй ӕмӕ йӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ дурты бын фӕкодтой.
Сӕ бынӕттӕй фестадысты ӕмӕ Йӕ, сӕ сахар цы хохыл уыди, уый сӕрмӕ акодтой, цӕмӕй йӕ рындзӕй аппарой.
Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.
Фӕлӕ Йын уӕддӕр ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй Йӕ фарс барӕхуыста, ӕмӕ дзы уайтагъд туг ӕмӕ дон ракалди.
Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.
Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.
цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн.
Йесо Чырысти сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон, ӕмӕ Йын Йӕ буар нывондӕн кӕй ӕрхастӕуыд, уый фӕрцы мах ссыгъдӕг стӕм мыггагмӕ.
уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?
Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй, чи ссыгъдӕг, уыдон дӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕн нӕ нымайы Чырысти Йӕхицӕн ӕгадыл уыдоны Йе ’фсымӕртӕ хонын.
Йешуа ӕмӕ Израилы дзыллӕ бавдӕлдысты ӕмӕ Зарахы фырт Аханы ӕд ӕвзист, ӕд дарӕс, ӕд сыгъзӕрины къӕртт, йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытимӕ, йӕ галтӕ ӕмӕ йӕ хӕрджытимӕ, йӕ лыстӕг фос ӕмӕ йӕ цатыримӕ, йе ’ппӕт исбонимӕ Ахоры дӕлвӕзмӕ акодтой.
Ӕмӕ сӕнӕфсиры гагатӕ лӕмӕрст ӕрцыдысты, фӕссахар цы сӕндуцӕн уыд, уым; сӕндуцӕнӕй туг ракалд ӕмӕ хӕрдмӕ бӕхы рохты онг фӕцыди, йӕ дӕргъ та анхъӕвзта мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы онг.