11 Тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй алчер Рухсмонуатмӕ цы фосы туг бахӕссы, уыдоны басыгъдӕуы адӕмы цӕрӕнуаты ӕдде.
Галӕн йӕ фыд, йӕ царм, йӕ хуылфыдзаума та рӕсӕнуаты ӕдде арты хай бакӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд.
Тӕригъӕды нывондӕн цы гал аргӕвстой, уый басудз Кувӕндоны ӕдде, нысангонд бынаты.
Тӕригъӕды нывондӕн Рухсмонуатмӕ кӕй туг бахастӕуыд, уыцы гал ӕмӕ цӕуы кусӕрттӕ хъӕуы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рахӕссын. Сӕ царм, сӕ дзидза ӕмӕ сӕ хуылфыдзаумӕттӕ сын басудзын хъӕуы.
Уый фӕстӕ йӕ дарӕс раивӕд ӕмӕ фӕнык рӕсӕнуатӕй сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд.
Фӕлӕ тӕригъӕды нывонды фыд, йӕ туг Фембӕлды Цатырмӕ кӕмӕн ӕрбахӕссынц — тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау Уаз Цӕрӕны сӕххӕст кӕнынӕн, — уый та хӕрӕн нӕй, басудзын ӕй хъӕуы.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ царм та йын рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта.
Йӕ фырттӕ йӕм нывонды туг балӕвӕрдтой. Уый дзы йе ’нгуылдз стылдта ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны рӕбын акалдта.
Сауджын Елеазары бар ӕй бакӕнут. Рӕсӕнуатӕй йӕ ракӕнӕнт ӕмӕ йӕ сауджын Елеазары раз аргӕвдӕнт.
Уый фӕстӕ сауджын хъуамӕ йӕ дарӕс цӕхса, йӕхи цынайа, ӕмӕ йын уӕд рӕсӕнуатмӕ аздӕхӕн ис, фӕлӕ чъизийыл нымад уыдзӕн изӕрмӕ.