7 Уӕ хъомыл кӕныны сӕраппонд фӕразон ут ӕфхӕрдӕн — уымӕй Хуыцау ӕвдисы, хъӕбулты цӕстӕй уӕм кӕй кӕсы, уый. Ахӕм фырт ис, мыййаг, фыд кӕй нӕ бафхӕры?
Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ыл, адӕммӕ куыд вӕййы, афтӕ уисӕй ӕрцӕудзынӕн, фыд йӕ фырты куыд фӕнӕмы, афтӕ йӕ фӕнӕмдзынӕн.
Йӕ фыд ын уайдзӕф дӕр никуы бакодта, цӕмӕн афтӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Адониа хӕрзконд лӕппу уыд, саджы фисынтыл амад кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм. Давидӕн райгуырди Авессаломы фӕстӕ.
Мӕгуыр лӕджы хуымы дӕр бирӕ тыллӕг ӕрзайы, фӕлӕ галиу миты аххосӕй йӕ хорӕй ӕнӕхай фӕвӕййы.
Дӕ фырты, цалынмӕ нӕма байрӕджы, уӕдмӕ ’фхӕргӕ кӕн, ма йӕ фесаф.
Лӕппу фыдуаг митыл куы сагъуыйы, уӕд, цӕмӕй йе ’дылы зонд ныууадза, уый тыххӕй йӕ уисӕй нӕмын хъӕуы.
Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц, рохуаты цы сабийы ныууадзай, уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн.
Дӕ лӕппуйӕн зонд бацамон ӕмӕ йыл мӕт нӕ кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕ дзы райдзӕн.
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ нын Бардарӕг тӕрхон куы фӕкӕны ӕмӕ нӕ куы бафхӕры, уӕд нӕ Уый афтӕмӕй сраст кӕны, цӕмӕй нын иннӕ дунеимӕ иумӕ тӕрхон ма кӕна.
Уӕдӕ фидарӕй зонут, лӕг йӕ фырты раст фӕндагыл куыд араза, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, раст фӕндагыл цӕуын ахуыр кӕны сымах дӕр.
Уӕдӕ ма, Мӕ Хӕдзармӕ цы нывӕндтӕ ӕмӕ цы хуынтӕ хӕссын бафӕдзӕхстон, уыдон та уӕ къӕхтӕй цӕмӕн ссӕндут? Дӕ фыртты Мӕнӕй уӕлдӕр цӕмӕн сӕвӕрдтай? Фӕйнӕрдӕм фӕцыдыстут, Израилы, Мӕ адӕмы, нывӕндты хуыздӕр хӕйттӕй уӕхи ӕфсадгӕйӕ!
Мӕнӕ дын ӕвдисӕйнаг: дӕ фырттӕ дыууӕйӕ — Хофни ӕмӕ Пинхас — уыцы иу бон амӕлдзысты.
Ӕз ын загътон, Мӕ азарӕй йӕ хӕдзар мыггагмӕ кӕй бабын уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Елиа азымджын у: уый зыдта, йӕ фырттӕ се ’нӕгъдау митӕй Хуыцауы кӕй ӕгад кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ нӕ урӕдта.