6 уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕй уарзы, уыцы адӕймаджы бафхӕры; нӕмгӕ та кӕны, Йӕхицӕн фыртӕн кӕй райсы, уыдонӕй алкӕй дӕр».
Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ыл, адӕммӕ куыд вӕййы, афтӕ уисӕй ӕрцӕудзынӕн, фыд йӕ фырты куыд фӕнӕмы, афтӕ йӕ фӕнӕмдзынӕн.
Мӕгуыр лӕджы хуымы дӕр бирӕ тыллӕг ӕрзайы, фӕлӕ галиу миты аххосӕй йӕ хорӕй ӕнӕхай фӕвӕййы.
Мӕ лӕппу, Дунедарӕджы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс, Йӕ уайдзӕфтӕ дын хъыг ма уӕнт.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, кӕй уарзы, уыдоны ’фхӕры, фыд, зынаргъ ын чи у, йӕ уыцы фырты куыд бафхӕры, афтӕ.
Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.
О Дунедарӕг, бафхӕр мӕ, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ! Аккаг ӕфхӕрд мын ратт, фӕлӕ мӕ сафгӕ ма фӕкӕн!
Сӕ тӕригъӕд куы бафидынц ӕфхӕрдӕй, уӕд ма куыд хъуамӕ рахъаст кӕной адӕм?!
Уӕдӕ фидарӕй зонут, лӕг йӕ фырты раст фӕндагыл куыд араза, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, раст фӕндагыл цӕуын ахуыр кӕны сымах дӕр.
Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.
Мах амондджыныл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн кӕронмӕ чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынди, уый тыххӕй, стӕй зонут, Дунедарӕг ын цы царды кӕрон балӕвар кодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хорзӕхджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у.
Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.
Уалынмӕ Наомийы лӕг Елимелех амарди, ӕмӕ ус баззади йӕ дыууӕ фыртимӕ.