Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 12:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уӕды заманы Йӕ хъӕлӕсӕй нынкъуыста зӕхх ӕмӕ та ныр дӕр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн канд зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 12:26
12 Iomraidhean Croise  

Синайы хох фӕздӕджы бын фӕци, уымӕн ӕмӕ йын йӕ сӕрмӕ артау Йӕхи ӕруагъта Дунедарӕг. Пецау фӕздӕг калдта хох ӕмӕ-иу сӕнкъуысти.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ маст ӕххуырсгӕйӕ, пиллӕттӕ калгӕйӕ, ныууигъдзӕни арв, зӕхх фенкъуысын кӕндзӕн йӕ бынатӕй.


Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.


Цы ног арв ӕмӕ ног зӕхх сфӕлдисон, уыдон ӕдзух Мӕ цӕсты раз куыд уыдзысты, уыйау уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр. Уый уын зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.


Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй, арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты. Фӕлӕ Дунедарӕг хъахъхъӕндзӕн Йӕ адӕмы, израилӕгтӕн суыдзӕн сӕ фидар.


ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.


— Зӕгъ Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн: Ӕз арв ӕмӕ зӕхх нынкъуысын кӕндзынӕн,


паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ.


Ныхӕстӕ «ноджы ма иу хатт» ӕвдисынц, цы сфӕлдыстӕуыд, уый кӕй нынкъуыстӕуыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй аивдӕуыдзӕн, цӕмӕй мыггагмӕ баззайа, ӕнӕфӕцудгӕ цы у, уый.


Дунедарӕг! Сеирӕй куы цыдтӕ, Ды куы цыдтӕ Едомы бӕстӕйӕ, — зӕхх ӕнкъуысти, къӕвда уарыди, ӕмӕ мигътӕй лӕдӕрсти дон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan