20 Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нӕ уыди, цы сын фӕдзӕхстӕуыд, уымӕ хъусын: «Хохыл суанг сырд куы бандзӕва, уӕд уый дӕр дуртӕй мард ӕрцӕуӕд».
Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.
Ӕгъдауы фӕрцы ӕз амардтӕн Ӕгъдауӕн, цӕмӕй цӕрон Хуыцауӕн. Ӕз тыгъд ӕрцыдтӕн Чырыстиимӕ.
Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдонмӕ та се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕлгъыст. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: «Ӕгъдауы чиныджы цы фыст ис, ӕппӕт уыдон иудадзыг чи не ’ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у».
Уый загъта: «Дунедарӕг Синайӕ рацыди, Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис, Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ Параны хӕхты сӕр, Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт.