Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 12:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Бавналӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ пиллон артӕй чи судзы, ахӕм хохмӕ, талынг, саудалынг ӕмӕ уадмӕ не ’рцыдыстут сымах;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 12:18
11 Iomraidhean Croise  

Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.


Пиллӕттӕ уадзӕг артау зынди хохы сӕрӕй Дунедарӕджы кад израилӕгтӕм.


Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах Ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.


Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасимӕ цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ уӕ Чи скодта, уыцы Удӕй, ӕмӕ Уый фӕрцы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Абба! Нӕ Фыд!»


Йӕ бындур къӕйдуртыл фыст дамгъӕтӕ кӕмӕн уыдысты, кӕд уыцы мӕлӕтхӕссӕг куыст афтӕ намысджын уыд, ӕмӕ рӕстӕгмӕ тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой,


Ӕгъдауӕн лӕггадӕй тӕрхойнаг фӕуӕн уыдис, ӕмӕ кӕд уый скадджын ис, уӕд цас кадджындӕр хъуамӕ уа, адӕймаджы цы куыст раст кӕны, уый!


Сымах бацыдыстут ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдыстут. Хох артау сыгъди, ӕмӕ арты ӕвзӕгтӕ арвыл ныдзӕвыдысты. Уыди саудалынг, бӕзджын мигъ ныббадти.


Уыцы рӕстӕг ӕз та Дунедарӕгӕй сымах ӕхсӕн лӕууыдтӕн, цӕмӕй уын Дунедарӕджы ныхӕстӕ дзурон, уымӕн ӕмӕ сымах, артӕй тӕрсгӕйӕ, хохы сӕрмӕ ссӕуын нӕ уӕндыдыстут. Уый загъта:


Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan