12 Уӕдӕ сфидар кӕнут, дӕлӕмӕ кӕй ӕруагътат, уыцы цӕнгтӕ ӕмӕ, чи слӕмӕгъ ис, уыцы уӕрджытӕ.
Хъару та бауадзут уӕ лӕмӕгъ ӕмӕ ӕдых цӕнгты, ӕндон фестӕнт уӕ ризгӕ уӕрджытӕ!
Цӕуыл дзыназыс, зӕгъгӕ дӕ куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп ратт: ‚Цы фыдуац ӕрбацӕуы, уый тыххӕй‘. Алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс, уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ бамӕгуыр уыдзысты, фыр тӕссӕй бадонзоныг уыдзыстут. Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».
Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ къухты хъару фесӕфдзӕн, фыр тӕссӕй сӕ уӕрджыты дон ныббаддзӕни.
уӕд йӕ хуыз фӕцыди, ризӕг ыл бахӕцыд фыр тӕссӕй ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ адон сты.
Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.
Уыцы бон Йерусалимӕн загъдӕуыдзӕн: «Ма тӕрс!» Сионӕн зӕгъдзысты: «Фидар лӕуу!»
Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.
Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй.
ӕмӕ уын хъӕбултау уӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕнынӕн цы загъд уыди, уый уӕ ферох ис: «Мӕ хъӕбул, Хуыцауы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд дӕ ныфс ма сӕттӕд,