Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 11:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстаг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы нырма дӕр дзуры.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 11:4
21 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг та бафарста: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг дыл зӕххӕй ӕвдисӕн кӕны.


Дунедарӕг ын загъта: «Нӕ. Исчи дӕ куы амара, уӕд йӕ мыггагӕй авд ахӕмы фӕхъӕудзӕн». Ӕмӕ Дунедарӕг нысан ныууагъта Каиныл, цӕмӕй йыл чи амбӕла, уыдонӕй йӕ мачи амара.


Адам та ӕрӕмуат ис йӕ усимӕ. Уымӕн йӕ афон куы ’рцыд, уӕд ныййардта лӕппу. Сӕвӕрдта йыл ном Шет, уымӕн ӕмӕ, дам мын, Каин кӕй амардта, уыцы Авелы бӕсты Хуыцау ралӕвар кодта ӕндӕр байзӕддаджы.


Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ фӕдзырдта. Быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ йӕ кух систа ӕмӕ йӕ амардта.


Уыйадыл Дунедарӕг арвӕй ӕркалдта арт, ӕмӕ уыцы арт бахордта канд иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сугтӕ нӕ, фӕлӕ дуртӕ дӕр, нывондхӕссӕны алыварс сыджыт дӕр ӕмӕ, къахты цы дон уыди, уый дӕр.


Уыдон дын бацамонӕнт, уыдон дын радзурӕнт, уыдон дын зӕрдӕбынӕй зӕгъӕнт:


Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ нывӕндтӕ ӕлгъаг сты, уӕлдайдӕр та — фыдвӕндтимӕ кӕй ӕрбахӕссынц, уыдон.


Дунедарӕджы цурӕй арт рацыди ӕмӕ басыгъта, нывондхӕссӕныл цы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фиутӕ уыди, уыдон. Уый фенгӕйӕ, адӕм се ’ппӕт дӕр цины хъӕр ныккодтой ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл цы раст адӕмы туг фӕкалди, уый уын иууылдӕр фидинаг фӕуыдзӕн: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, суанг Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захариайы туджы онг.


Авелы тугӕй, нывондхӕссӕнӕй Кувӕндоны ӕхсӕн кӕй амардӕуыд, уыцы Захариайы туджы онг. О, зӕгъын уын, уый ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у.


Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.


Незаманты чи царди, уыдон раппӕлинаг уыдысты сӕ уырнындзинадӕй.


Уӕдӕ уырнындзинады ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уый бӕрц кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй,


Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.


Уымӕн ӕмӕ алы алчер дӕр адӕмы ’хсӕнӕй ӕвзӕрст ӕрцӕуы, адӕмы тыххӕй йӕ сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, цӕмӕй Йын Йӕ размӕ хуынтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ хӕсса.


Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ, туг куынӕ ныккӕла, уӕд хатыр нӕй.


уымӕн ӕмӕ уый царди се ’хсӕн, алы бон дӕр се ’нӕуаг хъуыддӕгтӕ уыдта ӕмӕ хъуыста, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ рысти.


Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan