Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 11:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Дурты бын-иу сӕ фӕкодтой, ахырхтой-иу сӕ, [ракъахыны охыл сӕ хъизӕмарӕй мардтой], карды цӕфӕй мардысты, фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты рахау-бахау кодтой, уыдысты мӕгуыр, цардӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 11:37
40 Iomraidhean Croise  

Адӕмӕй дзы чи уыди, уыдоны та ракодта ӕмӕ сӕ хырхытӕ, ӕфсӕйнаг къахӕнтӕ ӕмӕ фӕрӕттӕй кусыныл бафтыдта. Батардта сӕ агуыридур аразынмӕ. Афтӕ бакодта ӕппӕт аммонаг сахартӕн дӕр. Уый фӕстӕ йе ’фсадимӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхт.


Ау, ничи дын фехъусын кодта, ме ’лдар, ӕз цы бакодтон, уый? Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты марын куы райдыдта, уӕд сӕдӕ пехуымпары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхстон ӕмӕ сын уырдӕм хӕрд ӕмӕ нозт хастон.


Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Овадиа ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ пехуымпары ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхста. Уырдӕм сын хаста хӕринаг ӕмӕ дон.)


Ахав Иезавелӕн радзырдта, Илийа цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕттӕ, стӕй, пехуымпарты се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг кӕй бакодта, уый.


Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый фехӕлдтой, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕг ӕз ма дзы баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Илийа йӕ куы айхъуыста, уӕд йӕ пӕлӕзӕй йӕ цӕсгом ӕрбамбӕрзта, афтӕмӕй рацыд ӕмӕ лӕгӕтмӕ бацӕуӕны ӕрлӕууыд. Цавӕрдӕр хъӕлӕс ӕй бафарста: «Ам цы архайыс, Илийа?»


Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд, удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм фехӕлдтой, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты та Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕгӕй баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Илийа Хоревы хохӕй куы ӕрхызт, уӕд амбӕлди Шафаты фырт Елисейыл. Уый галты дыууадӕс цӕдыл хуым кодта, йӕхӕдӕг та цыди дыууадӕсӕмы фӕдыл. Илийа йӕ цурты куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл йӕ пӕлӕз баппӕрста,


Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут».


Дзуапп ын радтой: «Йӕ уӕлӕ уыди сӕгъы хъуынӕй пӕлӕз, йӕ астӕуыл — цӕрмын рон». — «Уый тишбийаг Илийа у», — загъта паддзах


Илийайӕ цы пӕлӕз ӕрхауди, уый систа, ӕмӕ фӕстӕмӕ Иорданы былмӕ ӕрбаздӕхт.


Илийа йӕ пӕлӕз раласта, стыхта йӕ, дон дзы ӕрцавта, ӕмӕ дон ӕмдзӕхгӕр дыууӕ сисау фӕйнӕрдӕм куы алӕууыд, уӕд Елисеимӕ, сур зӕххыл цӕуӕгау, фаллаг фарсмӕ бахызтысты.


Адӕмӕй дзы чи уыди, уыдоны та ракодта ӕмӕ сӕ дурфадӕн хырхытӕ, ӕфсӕйнаг дурсӕттӕнтӕ ӕмӕ фӕрӕттӕй кусыныл бафтыдта. Афтӕ бакодта ӕппӕт аммонаг сахартӕн. Уый фӕстӕ Давид йе ’фсадимӕ раздӕхт Йерусалиммӕ.


Уӕд йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой ӕмӕ йӕ паддзах Иоасы бардзырдӕй Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты дуртӕй амардтой.


Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!


Уыдон Уриайы Мысырӕй Иоакиммӕ ӕркодтой, ӕмӕ йӕ уый кардӕй амарын кодта, йӕ мард та йын, хуымӕтӕг адӕмы кӕм фӕныгӕнынц, уыцы ингӕны ныппарын кодта.)


Уыцы бон ахӕм пехуымпартӕ, цы цӕстылуайӕнты кой кодтой, уыдонӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты ӕмӕ адӕмы сайынӕн сӕ уӕлӕ сӕхъис нал скӕндзысты.


Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»


Уыдон ын йӕ цагъарты ӕрцахстой ӕмӕ дзы кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та дзы дуртӕй амардтой.


Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон; хъӕддаг бындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хӕринаг.


Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».


Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Уӕд Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты иудейӕгтӕ ӕмӕ адӕмы сардыдтой апостолты ныхмӕ. Павелыл ралӕууыдысты дурадзагъдӕй, ӕнхъӕл уыдысты, амарди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыфцӕй ласӕгау фӕссахармӕ аластой.


Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!


Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы сӕраппонд ӕз райгонд дӕн мӕ лӕмӕгъдзинадӕй, ме ’фхӕрдӕй, мӕ хъуӕгтӕй, мӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй, мӕ тыхст уавӕртӕй. Уымӕн ӕмӕ тыхджын вӕййын лӕмӕгъӕй.


ӕмӕ тӕригъӕдджын цинтӕй хи ирхӕфсыны бӕсты хуыздӕрыл банымадта Хуыцауы адӕмимӕ тухӕнтӕ ӕвзарын.


Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.


Арвитдзынӕн Мӕ дыууӕ ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдон сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕндзысты, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кӕндзысты мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan