Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 11:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты ӕппӕрстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 11:36
45 Iomraidhean Croise  

Йосефы ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ, паддзахы ахӕстытӕ кӕм уыдысты, уыцы ахӕстоны бакодта. Афтӕмӕй Йосеф бахаудта ахӕстонмӕ.


Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы уӕлхъус балӕууыд, йе ’хсӕрфарс ын ныццавта ӕмӕ йыл фӕхъӕр ласта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕу уылты райдыдта дзурын?»


Зӕгъут сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ бакӕнут ӕмӕ йын мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхон, уӕдмӕ“».


Йерихонӕй Елисей араст ис Вефилмӕ. Сахармӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕмӕй уырдыгӕй рацыди сабиты къорд ӕмӕ йыл худтысты, фидистӕ йын кодтой: «Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр! Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр!»


Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.


Зӕгъут-иу сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ сбадын кӕнут, мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ йын дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхон, уӕдмӕ“».


Фидиуджытӕ цыдысты иу сахарӕй иннӕмӕ, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххытыл ӕрзылдысты, суанг Зевулоны арӕнтӕм дӕр бахӕццӕ сты, фӕлӕ сыл адӕм худӕгӕй сӕхи хастой, хынджылӕг сӕ кодтой.


Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.


Пашхур Йеремиайы фӕнадта ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты, Бениамины кулдуары цур, хъадаманты сбадын кодта.


О Дунедарӕг, асайдтай мӕ ӕмӕ сайд дӕн. Фӕуӕлахиз мыл дӕ, уымӕн ӕмӕ Ды тыхджындӕр дӕ. Хъазинаг сдӕн ӕрвылбон, алкӕмӕн — хынджылӕггаг!


„Софониа, Дунедарӕг дӕ сауджын Йеходайы бӕсты сауджынӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй, Дунедарӕджы хӕдзары пехуымпариуӕг чи кӕна, уыцы нӕрӕмонтӕм дӕ цӕст дарай ӕмӕ-иу сыл хъадамантӕ бакӕнай.


Ӕмӕ мӕнӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ мӕм мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамел хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Бениамины зӕххыл мын, Анатоты сахары цур, зӕххы хай ис, ӕмӕ йӕ балхӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх дӕу хъуамӕ уа, йӕ цъындыаргъ дӕуӕн фидгӕ у, балхӕн ӕй». Уӕд ӕз бамбӕрстон, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.


Ды ацу уырдӕм, ӕмӕ дын цы чиныг ныффыссын кодтон, уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй бакӕс ӕппӕт адӕмы раз. Комдарӕн бон сӕ сахартӕй цы иудейӕгтӕ ’рбацӕудзысты, уыдонӕн сӕ се ’ппӕтӕн дӕр бакӕс.


Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззад, цалынмӕ знӕгтӕ Йерусалим нӕ бацахстой, уӕдмӕ.


Йеремиа ма хъахъхъӕнджыты кӕрты ахӕстоны куы бадти, уӕд ын Дунедарӕг загъта:


Адӕмы ’хсӕн куырыхон чи уа, уыдон бирӕты раст фӕндагмӕ здахдзысты, фӕлӕ цасдӕр рӕстӕг ӕфхӕрд ӕййафдзысты: кардӕй сӕ мардзысты, арты сӕ судздзысты, уацары сӕ кӕндзысты, сӕ мулк сын исдзысты.


Муртаттӕгты ӕвджид Ӕй ныууадздзысты, цӕмӕй Дзы уыдон хъазинаг скӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».


Уыдон ын йӕ цагъарты ӕрцахстой ӕмӕ дзы кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та дзы дуртӕй амардтой.


Ӕрбайхъусут-ма! Мӕнӕ уӕм Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, куырыхон адӕймӕгты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ дзы сымах иуты амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты уӕ синагогӕты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ сӕ иу сахарӕй иннӕмӕ тӕрдзыстут.


Уӕд сын Пилат рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Йӕ дзуарыл байтындзой.


Уыдон Ын алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕндзысты, ехсӕй Йӕ нӕмдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».


Ратдзысты Йӕ муртаттӕгты къухмӕ, ӕмӕ Дзы уыдон хынджылӕг кӕндзысты, бафхӕрдзысты Йӕ ӕмӕ Йыл тутӕ кӕндзысты,


Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста.


Ӕфсӕддонтӕ Дзы хынджылӕг кодтой — бацыдысты-иу Ӕм, Йӕ дзыхмӕ-иу Ын туаг сӕн схастой


Ӕфсӕддон хицау бацыди Павелмӕ, ӕрцахста йӕ ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ дыууӕ рӕхысӕй сбӕттой. Уый фӕстӕ бафарста: «Чи у ӕмӕ цы сарӕзта?»


Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Фӕлӕ Феликс, иудейӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, Павелы ахӕстоны ныууагъта.


Ӕрцахстой сӕ ӕмӕ сӕ райсомы онг бакодтой ахӕстоны, уымӕн ӕмӕ баизӕр.


Ӕрцахсын кодтой апостолты ӕмӕ сӕ сахары ахӕстоны бакодтой.


Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын тызмӕгӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ рауагътой.


Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, хӕдзӕрттыл зылди, уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ахста ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодта.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, сдӕн Йесо Чырыстийы ахӕст — сымах, муртаттӕгты, сӕраппонд.


Уӕдӕ ӕз — Бардарӕджы сӕраппонд ахӕст, курын сымахӕй, цӕмӕй уӕ цард уа, Хуыцау уын цы цардыхӕс снысан кодта, уый аккаг.


Бардарӕг арфӕ ракӕнӕд Онисифоры хӕдзарӕн. Бирӕ хӕттыты мӕ барӕвдыдта, мӕ рӕхыстӕ дӕр ӕй нӕ урӕдтой — къӕмдзӕстыджы хос ын нӕ уыдысты.


Уыцы Фарны Уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй.


Уымӕн ӕмӕ сымахӕн, ахӕстӕтты чи уыд, уыдоныл уӕ зӕрдӕ рысти, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнусон исбон кӕй ис, уый зонгӕйӕ.


Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Куы бахъӕлдзӕг сты, уӕд загътой: «Ӕрбакӕнут-ма Самсоны, уадз ӕмӕ нӕ ахудын кӕна!» Самсоны ахӕстонӕй ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕджындзты астӕу ӕрлӕууын кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan