Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 11:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Сӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ ныййарджытӕ Моисейы, куы райгуырдис, уӕд ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхсгӕ фӕкодтой. Уымӕн ӕмӕ, тынг рӕсугъд сывӕллон кӕй у, уый уыдтой ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нал фӕтарстысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 11:23
16 Iomraidhean Croise  

Уӕд ӕз къӕмдзӕстыг нӕ уаин, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕм кӕсгӕйӕ.


Уый мын Йе ’ххуыс ӕрӕрвитдзӕн уӕларвӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн, фегад кӕндзӕн Мӕ фӕдылзилджыты. Хуыцау мыл ӕруадздзӕни Йӕ хорзӕх, Йе ’цӕгады фарн.


ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕй ӕвгъӕдгӕс кӕмӕн уат, уыдонӕн-иу сӕ лӕппуты амарут, чызджытӕ та цӕрӕнт».


Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.


«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?


Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ рӕстдзинад Мын чи зоны, Ме ’гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст кӕмӕн у, уыдон! Искӕй фидистӕй ма тӕрсут, искӕй ӕлгъыстытӕ уыл тас ма ’фтауӕнт!


Кӕд Даниил паддзахы бардзырд зыдта, уӕддӕр-иу йӕ хӕдзары уӕллаг уатмӕ ссыди; йӕ уаты рудзгуытӕ арӕзт уыдысты Йерусалимы ’рдӕм. Бон ӕртӕ хатты-иу йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ раздӕрау куывта ӕмӕ арфӕ кодта йӕ Хуыцауӕн.


Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.


Уыцы рӕстӕг райгуырди Моисей; уый уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan