2 Незаманты чи царди, уыдон раппӕлинаг уыдысты сӕ уырнындзинадӕй.
Хуыцау рагзамантӕй фӕстӕмӕ пехуымпарты уылты бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты дзырдта нӕ фыдӕлтимӕ.
Сӕ уырнындзинады тыххӕй сын се ’ппӕтӕй дӕр раппӕлыд Хуыцау, фӕлӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нӕ райстой.
Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстаг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы нырма дӕр дзуры.