Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 11:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уырнындзинад та у, ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кӕсӕм, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕвдисӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 11:1
24 Iomraidhean Croise  

Иудейӕгтӕм дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕм дӕр сидтӕн Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойыл ӕууӕндынмӕ.


Ныр ис ӕртӕ: уырнындзинад, ныфс, уарзт. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахъаззагдӕр уарзт у.


Ӕз ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уый Бардарӕгӕн фӕндон нӕу — райдайдзынӕн мӕхицӕй ӕппӕлын ӕнӕзондау.


Уымӕн ӕмӕ мах кӕсӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ нӕ, фӕлӕ цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ. Цӕстӕй цы уынӕм, уый рӕстӕгмӕ у, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та у мыггагмӕ.


Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.


цӕстӕй цы уынӕм, уый нӕ, фӕлӕ уырнындзинады фӕрцы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ.


Мемӕ македойнӕгтӕ куы ӕрцӕуой, уӕд уӕ ӕдзӕттӕйӕ ма ӕрӕййафой; тынг ныфсджын уӕ кӕй уыдыстӕм, — ам уӕ кой кӕнын уӕвгӕ дӕр нал хъӕуы, — уый махӕн худинаг куыд нӕ расайа.


Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.


Павелӕй, Хуыцауы цагъар ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй, нӕ иумӕйаг уырнындзинады ме ’цӕг фырт чи у, уыцы Титмӕ. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ


ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.


Мах та, фӕстӕмӕ чи ахӕцы ӕмӕ чи бабын вӕййы, уыдонӕй не стӕм: мах ӕууӕндӕм ӕмӕ ирвӕзын кӕнӕм нӕ удтӕ.


Ацы лӕгтӕ иууылдӕр мӕрдтӕм бацыдысты уырнгӕйӕ, кӕд, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райстой, уӕддӕр. Ӕрмӕст ӕй дардмӕ федтой ӕмӕ йыл цин кодтой. Уыдон ыл басастысты ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ.


Паддзах дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй нӕ фӕтӕрсгӕйӕ, Моисей йӕ уырнындзинады фӕрцы ныууагъта Мысыр. Цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд.


Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.


уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинад куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд? Ирвӕзындзинады кой фыццаг Дунедарӕгӕй рацыди, уый фӕстӕ та, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй махӕн бӕлвырд радзырдтой.


Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийӕн ӕмкусджытӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл фидарӕй кӕронмӕ куы хӕцӕм, уӕд.


Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.


Зивӕг уыл ма фӕтых уӕд, фӕлӕ фӕзмут, уырнындзинад ӕмӕ бирӕбыхсты руаджы, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый исбонӕн чи райсы, уыдоны.


Симон Петрӕй, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостолӕй, — нӕ Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстады руаджы нӕ зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan