Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 10:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уӕд Ӕз загътон: „Уаз Чиныджы Мӕн тыххӕй куыд фыст ис, афтӕ мӕнӕ ӕрцыдтӕн, Хуыцау, Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 10:7
12 Iomraidhean Croise  

Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».


Фӕлӕ тухгӕ чиныг ссардтой Екбатаны галуаны, Мидийы. Фыст дзы уыди: «Зӕрдыл дарынӕн.


цин кодтон Йӕ зӕххон дунейыл, адӕмыл.


Мӕ хъустӕ мын байгом кодта, ӕмӕ Йӕм байхъуыстон, мӕхи нӕ фӕтылиф кодтон.


«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.


Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: къух радардӕуыд мӕнӕрдӕм, къухы та — тухгӕ чиныг.


Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Бахӕр дӕ разы уыцы тухгӕ чиныг, уый фӕстӕ цу ӕмӕ дзургӕ кӕн Израилы адӕмӕн».


Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йын Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын.


Мӕнӕн Мӕхи фӕндӕй мӕ бон саразын ницы у. Куыд загъд Мын уыди, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уый.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan