37 Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрз гыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ, ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн.
Уӕ мӕ адӕм! Уӕ хӕдзӕрттӕм бахизут, уӕ дуӕрттӕ сӕхгӕнут ӕмӕ афтӕмӕй, цалынмӕ Хуыцауы азар аивгъуыйа, уӕдмӕ уӕхи бафӕсвӕд кӕнут.
Чысыл къордӕй рантысын кӕндзынӕн минтӕ, цауд адӕмы скӕндзынӕн хъомысджын. Афон куы ’рцӕуа, уӕд Ӕз, Дунедарӕг, уыцы хъуыддаг сараздзынӕн уадидӕгӕн».
«Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»
Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕни, цымӕ?»
Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Бардарӕг хӕстӕг у.
Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уӕлдайдӕр, Бардарӕджы ӕрцыды бон ӕрӕввахс кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Бардарӕгӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та — иу боны хуызӕн.
Иуӕй-иутӕм куыд кӕсы, афтӕ Бардарӕг фӕстиат нӕ кӕны Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ, фӕлӕ уын бирӕ быхсы — фӕнды Йӕ, иу адӕймаг дӕр куыд нӕ фесӕфа, фӕлӕ иууылдӕр куыд ӕрфӕсмон кӕной.
Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕн Чи у, Уый зӕгъы: «О, рӕхджы ӕрцӕудзынӕн!» Аммен. Ӕрцу, Бардарӕг Йесо!