Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 10:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Уымӕн ӕмӕ сымахӕн, ахӕстӕтты чи уыд, уыдоныл уӕ зӕрдӕ рысти, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнусон исбон кӕй ис, уый зонгӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 10:34
28 Iomraidhean Croise  

агурынӕн ӕмӕ, цы фесӕфтис, уый фӕдыл мауал зилынӕн; бавӕрынӕн ӕмӕ аппарынӕн;


Йесо йын загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уай, уӕд ацу, дӕ мулк ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртӕн байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».


хъӕугӕ та ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа равзӕрста хуыздӕр хай, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕни».


Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ мӕгуыртӕн феххуыс кӕнут. Уӕхицӕн, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ саразут; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты — уырдӕм сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕздзӕн ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ бахӕрдзӕн.


Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕхи та куы фесафа кӕнӕ куы фӕсахъат кӕна, уӕд ын уый цы пайда у?


Ӕфсӕддон хицау бацыди Павелмӕ, ӕрцахста йӕ ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ дыууӕ рӕхысӕй сбӕттой. Уый фӕстӕ бафарста: «Чи у ӕмӕ цы сарӕзта?»


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕрбахуыдтон сымах — фенон уӕ ӕмӕ аныхас кӕнон уемӕ, уымӕн ӕмӕ ацы рӕхыстӕй Израилы зӕрдӕдарӕны сӕраппонд баст дӕн».


Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.


Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, сдӕн Йесо Чырыстийы ахӕст — сымах, муртаттӕгты, сӕраппонд.


Уӕдӕ ӕз — Бардарӕджы сӕраппонд ахӕст, курын сымахӕй, цӕмӕй уӕ цард уа, Хуыцау уын цы цардыхӕс снысан кодта, уый аккаг.


Рӕхыстӕй бастӕй дӕр ӕз дӕн уыцы Фарны Уацы минӕвар. Кувут, цӕмӕй йӕ фехъусын кӕнон ныфсджынӕй, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ.


Уе ’ппӕтмӕ дӕр ӕз хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсон, уымӕн ӕмӕ сымах цӕрут мӕ зӕрдӕйы. Уе ’ппӕт — ныртӕккӕ, ахӕстоны куы дӕн, уӕд дӕр, Фарны Уацы сӕрыл куы хӕцыдтӕн, уӕд дӕр ӕмӕ, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууыдтӕн, уӕд дӕр — мемӕ иумӕ архайдтат, мӕнӕн нысандгонд чи у, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы.


Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзты бындур — уӕлӕрвты уӕм цы зӕрдӕдарӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Сымах ын йӕ кой фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы — Фарны Уацы.


ӕмбырд кӕной, фидӕнӕн ӕнӕфӕцудгӕ бындур чи у, уыцы хӕзна, цӕмӕй райсой ӕцӕг цард.


Бардарӕг арфӕ ракӕнӕд Онисифоры хӕдзарӕн. Бирӕ хӕттыты мӕ барӕвдыдта, мӕ рӕхыстӕ дӕр ӕй нӕ урӕдтой — къӕмдзӕстыджы хос ын нӕ уыдысты.


Уыцы Фарны Уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй.


Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Бардарӕг, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе ’рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр.


Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар.


Уымӕн ӕмӕ нын ам, ӕдзух кӕм уыдзыстӕм, ахӕм сахар нӕй, фӕлӕ тырнӕм фидӕны сахармӕ.


Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.


Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй, Йӕ мӕлӕты фӕрцы мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕн, фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон хатыргонд ӕрцӕуой, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.


Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме ’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл,


фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ уӕлӕрвты ӕвӕрдӕй лӕууынц сымахӕн.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan