28 Моисейы Ӕгъдау чи не ’ххӕст кодта, ахӕм адӕймаг дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасӕй кӕд ӕгъатырӕй мӕлӕтмӕ лӕвӕрд цыди,
«Тӕригъӕды бацыдтӕн Дунедарӕджы раз», — загъта Давид Натанӕн. «Дунедарӕг дын ӕй ныххатыр кодта. Нӕ амӕлдзынӕ.
Цӕмӕн суӕлӕхох дӕ Дунедарӕджы дзырдыл ӕмӕ Йын ӕнӕуынон цы у, уый цӕмӕн бакодтай? Хеттаг Уриайы мӕлӕтмӕ радтай, аммонӕгты къухӕй йӕ амардтай ӕмӕ йын йӕ усы дӕхи бакодтай.
Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.
Кӕрӕдзиуыл сӕ ныппырх кӕндзынӕн, фыдӕй, фыртӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Нӕ сыл бацауӕрддзынӕн, нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн, ныццӕгъддзынӕн сӕ“».
Ракодтой йӕ дзыллӕ иумӕ рӕсӕнуатӕй ӕмӕ йӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ дурты бын фӕкодтой.
Куынӕ дӕм байхъуса, уӕд демӕ акӕн иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы, уымӕн ӕмӕ „алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа“.
Уе ’Гъдауы дӕр афтӕ фыст ис, дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕнад раст у, зӕгъгӕ.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Моисейӕн загъта: «Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн. Кӕмӕн Мӕ фӕнды батӕригъӕд кӕнын, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».
Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа».
Ма йын батӕригъӕд кӕнут! Ӕнаххос туг ныккалыны азарӕй бахизут Израилы, ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзыстут.
Исты фыдракӕнд, галиу ми кӕнӕ тӕригъӕды базылын кӕнынӕн иу ӕвдисӕн фаг нӕу: алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа.
Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.
Уымӕн ӕмӕ, зӕдты уылты цы уац фӕхӕццӕ ис, уым кӕд уый бӕрц хъару уыди, ӕмӕ-иу Ӕгъдау фехалын ӕмӕ коммӕ нӕ бакӕсыны тыххӕй адӕймаг алкӕддӕр аккаг ӕфхӕрд баййӕфта,
Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.