20 Уыцы фӕндаг нын мидӕмбӕрзӕны, ома Йӕ буары фӕрцы, байгом кодта Уый ӕмӕ йыл фыццаг Йӕхӕдӕг ацыд.
Уый фӕстӕ Аарон адӕмы тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй аргӕвдӕд цӕуы. Йӕ туг ын мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд ӕмӕ, галы тугӕй куыд бапырх кодта, афтӕ уымӕй дӕр бапырх кӕнӕд Фидыды Чырыны сӕр ӕмӕ йӕ разы зӕхх.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй алы рӕстӕджы ма хиза мидӕмбӕрзӕны уылты — Рухсмонуатмӕ, Фидыды Чырыны сӕры размӕ, науӕд амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу Ӕз Фидыды Чырыны сӕрмӕ фӕзындзынӕн ӕврагъы мидӕг.
Ӕрмӕст-иу ма бацӕуӕд ӕмбӕрзӕнмӕ, ма баввахс уӕд нывондхӕссӕнмӕ, уымӕн ӕмӕ сахъат у. Мӕ Уаз Цӕрӕн Мын ма фӕчъизи кӕнӕд. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый».
Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕрфасти ӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.
Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис.
уымӕн ӕмӕ хур рухс нал кодта. Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ бынмӕ дыууӕ дихы фӕцис.
Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Ӕз дуар дӕн фыстӕн.
Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни.
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.
аивта Ӕгъдау йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтимӕ, цӕмӕй Йемӕ баиуы фӕрцы дыууӕ адӕмӕй сараза иу ног адӕм
Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.
Уый махӕн науӕнгуырау у ӕдас ӕмӕ фидар ӕмӕ кӕны Рухсмонуаты рӕбинаг хаймӕ — фӕсӕмбӕрзӕнмӕ,
Дыккаг ӕмбӕрзӕны фӕстӕ цы агъуыст уыдис, уый та хуынди Рухсмонуат.
Уымӕй Сыгъдӕг Уд ӕвдисы, зӕгъгӕ, цалынмӕ раздӕры Уаз Цӕрӕн ис, уӕдмӕ ног Рухсмонуатмӕ фӕндаг гом нӕма у.
Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.
Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый афтӕмӕй базондзыстут: Йесо Чырысти адӕймаджы буары ӕрцыд, зӕгъгӕ, ӕргомӕй чидӕриддӕр зӕгъы, уый Хуыцауы Удӕй у хайджын.
Уымӕн ӕмӕ дунейы фӕзынди, Йесо Чырысти адӕймаджы буары не ’рцыд, зӕгъгӕ, чи дзуры, бирӕ ахӕм фӕливджытӕ: ахӕм адӕймаг у фӕливӕг ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг.