18 Тӕригъӕдтӕ барст куы ӕрцӕуой, уӕд уыдоны тыххӕй нывонд хӕссын нал хъӕуы.
Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп.
Загъта ма: «Нал сын ӕрымысдзынӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ ӕнӕуаг митӕ».
Уӕдӕ нӕ ныфс ис, ӕфсымӕртӕ, Йесойы Туджы фӕрцы ног ӕмӕ царддӕттӕг фӕндагыл Рухсмонуатмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уымӕй.
Уый йӕ бон куы уаид, уӕд нывӕндтӕ нал хӕссиккой: иу хаттӕн-иу мыггагмӕ ссыгъдӕг уаиккой сӕ тӕригъӕдӕй ӕмӕ сӕхи азымджын нал хониккой.